Стамбулы Уæрæсейы æмæ Украинæйы делегацитæ фембæлдысты
Стамбулы Уæрæсейы æмæ Украинæйы делегацитæ фембæлдысты

Уæрæсе æмæ Украинæйы æхсæн ныхасы æртыккаг тур Стамбулы цæуы, ацы хатт та Чъыраг галуаны.

Ныридæгæн Туркмæ æрцыдысты куыд Украинæйы, афтæ Уæрæсейы делегацитæ дæр.

«Абон Турчы плангонд бадзырдты, Украинæйы минæвæрттæ ноджы иу хатт æрдомдтой  æхсты фæурæд – сæрмагондæй, ахæм бырстытæ æмбæстагон инфраструктурæмæ» – райхъусын кодта Украинæйы президент Владимир Зеленский.

Æндæр æмæ æндæр медиа-фæрæзты информацимæ гæсгæ, æхсты фæурæды домæнæй дарддæр ма, украинаг фарс хъавы боны фæткмæ бахæссын къухдариуæгады æмвæзады фембæлд.