Стамбулы мэр, Экрем Имамоглуйы фарсылхæцæн акцийы рæстæджы Турчы, æхсæвы 323 адæймаг æрцахстой.
Стамбулы мэр, Экрем Имамоглуйы фарсылхæцæн акцийы рæстæджы Турчы, æхсæвы 323 адæймаг æрцахстой.

Туркы мидхъуыдтæгты министр Али Ерликая расидтис, цæмæй Стамбулы мэр Экрем Имамоглуйы фарсылхæцындзинады тыххæй æнæхъæн бæстæйы протесты рæстæджы æхсæвы 323 адæймаг æрцахстой.

«Цыфæнды инициативæ дæр, кæцы халы æхсæнадон фæтк, у æнæрайсгæ», — ныффыста Али Ерликая социалон хызæг X-ы. Æхсæвы мидæг цалдæр хатты æрцыд быцæудзинад Стамбулы муниципалитеты бæстыхайы цур æрæмбырдуæвæг демонстранттæ æмæ пъæлицæйы æхсæн. Пъæлицæйæгтæ бирæ хатт спайда кодтой цæссыгкалæн газ æмæ хъæдуры æртæхтæй, цæмæй протестгæнæгты апырх кодтаиккой.

Уымæй дарддæр ма, 400 туркаг нывгæнæг гом фыстæгимæ тæрхондонмæ басидтысты æмæ Имамоглуйы фарсылхæцындзинад расидтысты.

Стамбулы мэр Экрем Имамогълу, кæцы нымад цæуы президент Эрдогъаны сæйраг политикон ныхмæлæууæгыл, 19-æм марты райсомæй йæ хæдзары æрцахстой. Дыууæ цауы йæ ныхмæ цæуы фæдагуырд. Экрем Имамогълу коррупцийы æмæ террористон къордæн фарсылхæцындзинады аххосджын кæнынц. Фæдагуырды фæлгæтты æнæхъæнæй 100 адæймагæй фылдæр æрцахстой.