Стамбулы  фидар шторм горæтæн  проблемæтæ æрхаста
Стамбулы фидар шторм горæтæн проблемæтæ æрхаста

Стамбулы  уыд фидар шторм.  Уад   срæдывдта  бæлæстæ  æмæ  бæстыхæйттæй   аскъæфтæ  сæ  уæлхæдзæрттæ.

Штормы размæ  уыд тæркъæвда  Стамбулы европаг  хайы.  Стихийы  рæстæджы базиан ис цалдæр   хæдтулгæ дæр. Рæстæгмæ урæд  æрцыд  бæлццонон быраны куыст.  Куылымпыйæ  куыста метрополитен дæр.