Стамбулы цæугæ Украина-Уæрæсейы бадзырдты Роман Абрамович дæр исы хайад
Стамбулы цæугæ Украина-Уæрæсейы бадзырдты хайад исы Роман Абрамович дæр. Абрамович Долмабахчейы галуаны ис, цы ран Украинайы æмæ Уæрæсейы делегациты бадзырдтæ цæуынц.
Уырыссаг миллиардер, бизнесмен Роман Абрамович бадзырдты размæ Турчы президент æмæ фæсарæн хъуыддæготы министримæ фæныхас кодта.
Медийы ахæлиугонд фотойы зыны, цææмй Абрамович залы Турчы президенты пресс-спикеры Ибраим Калины фарсмæ бады.
Ахæлиугонд информацийæ, Калин баххуыс ис уырыссаг олигархæн æмæ украинайы делегацийы уæнгы æхсæн фемблды координацийæн Стамбулы фысымуатты.
Знон ахæлиу ис информаци, ома Абрамовичæн фæбæрæгис гæнæн фæхъæстæйы симптомтæ, цæугæ мæйы райдайæны, Украина-Белорусы арæныл сабырадон бадзырдты фæстæ.