Стамбулы аэропорты бæлццонон хæдтæхæджы аварионæй æрбадты фæстиуæгæн фæмард 3 адæймаг
Стамбулы Сабиха Гокчены æхсæнадæмон аэропорты бæлццонон хæдтæхæджы аварионæй æрбадты фæстиуæгæн фæмардуæвджыты нымæц æртæйы онг фæфылдæр, цæф сты 180 адæймаг. Уый тыххæй информаци хъусын кæны туркаг телекомпани «Эн-Ти-Ви» æнæнизхъахъхъæды министрады æнцойæ.
Авиакомпни «Пегасусы» сæрмагонд Бионг 737, кæцы Измырæй æххæст кодта рейс, Стамбулы, Гокчены аэропорты аварион æрбадты рæстæджы стæхæн хаххæй ахызт æмæ æртæ хайыл асаст. Хæдтæхæг æрбадт æххæст кодта уæззау метеорилогион уавæрты, инциденты рæстæджы уарыд къæвда æмæ дымтта уад.
Бортыл уыд 177 бæлццон æмæ экипажы æхсæз уæнгы. Бæлццæтты нымæцы уыдысты дыууæ ноггуырд сывæлоны. Стамбулы мэры Али Эрликаиайы информацийæ, цæфты æхсæн сты 174 бæлццоны æмæ экипажы æхсæз уæнгы.
Авиакомпани Пегасусы хъусинагæй, бортыл бæлццæтты фылдæр уыдысты Турчы æмбæстæгтæ, афтæдæр 20 фæсарæйнаг бæлццон 12 бæстæйæ.