Гуырдзыстоны парламенты уæнгтæ, Созар Субари, Михеил Хъавелашвили æмæ Димитри Хундадзе, радон иумæйаг фидиуæн публикаци кæнынц.
Депутатты дзырдæй, абон, зæгъгæ сæ ноджы иу хатт фæнды радзурой сæ цæстæнагсы тыххæй цæугæ фæзындты фæдыл.
«Фццаджы дæр, фæстæмæ евроцæдисы уæнгтæм кандидаты темæмæ бавналдзыстæм, кæцы бæстæйы боны фæткмæ ацы этапыл бынтон аразгæйæ æрбаластой. Сæрыфыццагæй, фæтагъдгонд уагæй нын бавдисын кодтой куырдиат æмæ фæтагъдгонд уагæй нын загътой нæйы кандидаты статус раттыныл, ныр та Евроцæдисы практикæйæн бынтон прецедент цæмæн нæй ахæм æмæ зынæбаринаг æмгъуыд нын раттой æмæ фæтагъдгонд уагæй, 6 мæйы æмгъуыдмæ нæ домынц Еврокомиссийы бавдыст 12 пункты сыххæст кæнын. Ацы æмгъуыды алыварс уæзы уæлæмхасæй карздæр кæны минæвæртты æмæ европарламентариты фидиуæнтæ, кæцыты æрвылбойнонæй аразынц, æмæ кæцы афтæдæр Евроцæдисы практикæйæн бынтон æнæзонгæ ми у», – дзырдæуы фидиуæны.
Фидиуæны авторты дзырдæй, хицаугæнæг бал зæгъгæ, Евроцæдисы кандидаттæм статусыл куырдиат бавдисын хъавыд 2024 азмæ. Ахæм цауы, стандартон практикæмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон 2 азы сæрыл райстаит кандидаты статус æмæ æнтысты цауы, афтæдæр стандартон практикæйæ 2040 азы суыдаит Евроцæдисы уæнг бæстæ.
«Уыцы уавæрты та, кандидатдзинад дын, ассоциацидзинады бадзырдæй бæрæг хæслæвæрдтæ сыххæсты æрдгæй уæвæг æнтыстыты тыххæй нæ фæлæ, политикон мотивæй дæттынц, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, кандидаты статусы райсты датæ æмæ уæнгсуæвыны датæйы æхсæн 12-14 азон интервал бынтон дзырдгонд кæны. Растдæр уый тыххæй дзурынц европаг политиктæ Украинайы цауы, цæмæй ацы бæстæ Евроцæдисы уæнг суыдзæн 2050 азмæ, кæнæ та 14 нæ фæлæ 28 азы фæстæ.
Уырнæг стæм, кандидаты статус райсынæн, хицауад иннæ 6 мæйы дæргъы алцыппæт сараздзæн. Фæлæ ничи райхайлдзæнис, практикон цæстæнгасæй, цы æфты Гуырдзыстонмæ кандидаты статус фæтагъдгонд уагæй райст. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, ацы фарстайы алыварс ажиотаж дæр, аразгæ у», – дзырдæуы иумæйаг фидиуæны, кæцыйы авторты хъуыдымæ гæсгæ, уый æппæты нысан у, революцион сценарийæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» хицауадæй феддæмæ кæнын æмæ йæ фæивын «Националон Змæлдæй».
Фидиуæны авторты хъуыдымæ гæсгæйæ, Еврокомиссийы документы иуæй-иу пункт, кæцы деолигархизацимæ æххæссы, уагъд у Бидзина Иванишвилийы ныхмæ кампани стынг кæнынæн. Фидиуæны авторты хъуыдымæ гæсгæ, политикæйæ ацыды фæстæ Бидзина Иванишвили æххæстæй йæхи дард айста политикæйæ, кæцыйы бæлвырд кæны раздæры премьерты Гиорги Квирикашвилийы æмæ Гиорги Гахариайы фидиуæнтæ ацы фарстайы фæдыл.
Зæрдæхсайд та, цымæ гæнæн ис Иванишвилийæн уа коммуникаци архайæг премьеримæ, Ираклий Гъарибашвилиимæ æмæ партийы сæрдар Ираклий Къобахиздзеимæ, фидиуæны авторты дзырдæй, зæгъгæ сæ дыууæдæр уыцы коммуникацийыл нæ сæттынц.
«Теорионæй уæддæр куы фенхъæлæм, цæмæй Иванишвили балы лидертæн периодонæй кæцыдæр уынаффæтæ кæны, уæд политикæйы уый у нормæ æмæ æнæформалон хицаудзинад нæ нысан кæны. Дæнцæн, æппæт дунейæ уый фæзæгъынц, цæмæй Джо Байдены администраци зæгъгæ æнæхъæнæй скомплект кодта Барак Обама, фæлæ уый тыххæй Обамайы ничи скритикæ кодта», – дзырдæуы фидиуæны, кæцыйы авторты хъуыдымæ гæсгæ, кæд Гуырдзыстоны ис гæнæн искæй олигархæй схонын, уæд ахæмтæ сты оппозицийы лидертæ – Саакашвили, Кезерашвили, Хазарадзе æмæ Джапаридзе зæгъгæ.
«Деполяризацийыл серьозон куы хъуыды кæниккой, уæд фыццаджы дæр кандидаты статусыл нын нæйы нæ загътаиккой. Факт у уый, æмæ Европаг Советы уынаффæ ахъаз у, деполяризацийы нæ фæлæ, растдæр поляризацийæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æппæт фæфиппайын уыдис æнцон. Тынг æууæндаг хъуамæ уай, цæмæй хъуыды кæнай ома чидæр уый æппæт нæ ахъуыды кодта. Уæлдай дæр, æнæрмæст ахъуыды кодтой, фæлæ ма кандидаты статусыл нæзагъды сæйраг нысан уыдис растдæр поляризаци сцырын кæнын æмæ Бакурианы революцион сценарий скусын кæнын», – дзурынц фидиуæны автортæ.
«Фæзындис фарст – цы домынц Бидзина Иванишвилийæ? Ацы лæг политикæйы йæхи нæ тъыссы æмæ куы тъысса, уæддæр ничи хæссы йæ ныфс, уый тыххæй зæгъын, теорионæй уымæй цы гæнæн ис знаггад кæна. Иванишвили кæй ницы знаггад кæны, реалонæй уый сæхæдæг дæр дзæбæх зонынц.
Баззадис ма дзы «иунæг логикон» интерес Иванишвилийæ дыууæ вариацийæ, кæцы гæнæн ис уа ацы тыхтæм: кæнæ сæ фæнды, цæмæй уый æнæбары æрыздахой политикæмæ, цæмæй йæ тыхыбын скæной Уæрæсейæн санкцитæ сфидар кæнын æмæ Гуырдзыстоны дыккаг фронтæй скæной, кæнæ та сæ фæнды, ахæм барамындтæ йын раттын кæной балы лидертæн», – хъуыды кæнынц фидиуæны автортæ.