Созар Субари – Леван Куташвили æмæ Иосеб Павлиашвили ныр Мцхетайы сæ ныйарджытæм сты
Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй тыхбын бынативгæ уæнгты, цæрæнуатты ахæлиуы æмæ лигъдæтты фарстыты министр Созар Субарийы фидиуæнæй, оккупацигонд Ахзалгорæй рахизгæ Леван Куташвили æмæ Иосеб Павлиашвили, Мцхетайы сæ ныййарджытимæ иумæ сты.
Министр куыд загхта афтæмæй, ныридæгæн цæуы куыст, ууыл цæмæй Арчил Татунашвилийы марды дæр рагацау радæттой.
«Арчил Татунашвилиимæ иумæ ахст нæ дыууæ æмбæстаг Иосеб Павлиашвили æмæ Леван Куташвили ныридæгæн сæрибар сты. Уыдонмæ лæвæрд æрцыд фадат рацыдаиккой оккупацигонд территорийæ æмæ ныр Мцхетайы сты сæ ныйарджытимæ иумæ.
Ацы минутты дарддæр кæны куыст ууыл, цæмæй Арчил Татунашвилийы мард дæр афоныл радæттой.
Хъыгаг у, ацы рæстæгмæ фылдæр информацийы раттын мæ бон нæу, уымæн æмæ ерын ныхас кодтам ацы адæймæгтимæ æмæ ацы этапыл фылдæр зæгъæн нæй» – дзуры Субари.
Леван Кауташвили æмæ Иосеб Павлиашвили Ахалгорæй абон рацыдысты.
Паддзахадон æдасдзинады куысты информацийæ, 22 февралы оккуцпацигонд Цхинвалы минæвæрттæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгты Арчил Татунашвилийы, Леван Куташвилийы æмæ Иосеб Павлиашвилийы æнæзакъононæй æрцахстой.
Арчил Татунашвили 23 февралы оккупацигонд сахар Цхинвалы рынчындоны æнæбæрг уавæрты æрбамард. Леван Куташвилийы æмæ Иосеб Павлиашвилийы а.х. ахæстонæй ссæрибар кодтой, фæлæ ацы рæстæгмæ уыдысты оккупацигонд территорийыл.