Созар Субари, Димитри Хундадзе æмæ Михеил Хъавелашвили публикаци кæнынц – фидиуæн – радикалон оппозицимæ революцийы ресурс нæдæр ерын ис æмæ ндæр декабры уыдзæн
Гуырдзыстоны парламенты уæнгтæ Созар Субари, Димитри Хундадзе æмæ Михеил Хъавелашвили радон фидиуæн публикаци кæнынц.
Депутаттæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» политсоветы бакуыст 12 пунктджын планы кой кæнынц. Æнæпартион депутатты фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, планы деталонæй у æвдыст реформæты сыххæст кæнынæн саразинаг къахдзæфтæ.
Афтæма сæ дзырдæй, зæгъгæ планыл радикалон оппозицийы фыццаг реакцитæй бæрæг у, цæмæй хицауад 12 пункты сыххæсты рæстæджы цы фæнды сараза, ацы тыхархайдæн уæддæр ничи саргъ кæндзæн æмæ ничи райсдзæн нымадмæ.
Парламентаритæ хъуыды кæнынц, цæмæй бæллиццы бавдыст планы сыххæст кæнын реалон у, фæлæ зæрдæхсайд кæнынц, цæмæй уымæ нæкæсгæ Гуырдзыстон уæддæр нæ райсдзæн кандидаты статус.
«Нæкæсгæ нæ скептикон ахастмæ, хъуыды кæнæм, цæмæй æхсæнадæн бавдыст планы сыххæст кæнынæн, хицауад алцыппæт хъуамæ сараза. Уырнæг стæм, декабры райсинаг уынаффæ, ныридæгæн ист у æмæ афæдзы кæронмæ, Гуырдзыстонæн кандидаты статус уæддæр ничи ратдзæн. Фæлæ, нæкæсгæ уымæ, хицауад хъуамæ равдисæт, цæмæй евроинтеграци, уымæн у фидар приоритет æмæ нысанмæ бахæссынæн, цы йæм æмбæлы уыцы куыст кæны. Хицауад, æхсæнады уæрæх бастдзинадæй, хъуамæ саразæт алцыппæт, кæцы объектон аргъгæнæгæн кандидаты статус раттыныл нæзагъды æфсон дæр нал ныууадздзæн.
Æмæ фæстагмæ, банысан кæндзыстæм, цæмæй радикалон оппозицимæ, революци саразыны ресурс нæдæр ерын ис æмæ нæдæр декабры уыдзæн. Бæстæ сызмæнтын æмæ хæстмæ баиу кæнын ацы адæмæн нæ бантысдзæн. Уырнæг стæм, ацы хъуыддаджы йæ хабавæрд скæндзæн мах цы къахдзæф сарызтам уый дæр», – банысангонд у Депутатты, Созар Суабри, Димитри Хундадзейы æмæ Михеил Хъавелашвилийы фидиуæны.