Созар Субари, Димитри Хундадзе æмæ Михеил Хъавелашвили иумæйаг фидиуæн публикаци кæнынц
Гуырдзыстоны парламенты уæнгтæ Созар Субари, Димитри Хундадзе æмæ Михеил Хъавеплашвили иумæйаг фидиуæн публикаци кæнынц.
Фидиуæны авторты дзырдæй, «Гуырдзиаг Бæллиццимæ» æххæст разыдзинадмæ нæкæсгæ, уыдон нæ фидыдтой фарстайыл, цæмæй цы дозæйæ хъуамæ базонын кæной дзыллæйæн рæстдзинад.
«ИС дзы стыр тыхтæ, кæцыты Гуырдзыстоны фæнды революци, адæмы æвзæрст хицауады фæивын уыцы адæймæгтæн, кæцытæ комкоммæ сты бæрнон 2004-12 азты сæххæст фыдракæндтыл» – дзырдæуы фидиуæны.
«Ис тынг стыр тыхтæ, кæцыты фæнды Гуырдзыстоны уа революци, адæмы æвзæрст хицауады фæивын уыцы адæймæгтæй, кæцытæ комкоммæ бæрнон сты 2004-12 азты сæххæст фыдракæндтыл» – дзырдæуы фидиуæны.
Фидиуæны авторты хъуыдымæ гæсгæ, бæстæйы революцион равг сцырын кæныны æфсонæн æвзæрст уыд Евроцæдисы уæнгдзинады кандидаты татусы темæ йеуæд, алчи куы зыдта, цæмæй кандидаты статус раттаиккой Украина æмæ Молдовæйæн æмæ нæ раттаикой Гуырдзыстонæн.
«Нацзмæлд ревкомæн дыууæ ног термин ис: деолигархизаци æмæ деполяризаци. Бакой уын кæндзыстæм цæмæй ацы дыууæ термин нырма Европарламенты резолюцийы уыд ныффыст, фæстæдæр та сæ Европаг Комиссийы хатдзæджы дæр ныффыстой.
Ацы терминтæ афтæ райхалынц: деолигархизаци нысан кæны Бидзина Иванишвилийы Гуырдзыстонæй ацыд, деполяризаци та – Саакашвили æмæ Гварамиайы ахæстонæй рауадзын», -дзырдæуы фидиуæны.
Сæ хъуыдытæ сфидар кæнынæн, автортæ æхастой иуæй-иу европарламентарийы Михаел Галеры хъуыды, ома партитæ ног политикон бадзырдмæ хъуамæ бацæттæ уой.
«Кæнæ та нæ ноджы иу хатт рахизын кæной конституцион фæлгæттæй æмæ нæ къух бафыссын кæной политикон бадзырдыл, кæцыйы бандурыл, дыууæ фыдгæнæг ахæстонæй хъуамæ рацæуа æмæ Бидзина Иванишвили та бæстæйæ ацæуа. Уымæй сæ фæнды конституцион сæрфад фехалын æмæ нæ падздахаддзинад байсын, кæцыйы бауадзын гæнæн нæй. Æнæруадзгæ у уыцы адæймæгтимæ иумæ бадзырдты фынгыл рабадын, кæцытæ паддзахады, хицауады, иунæг паддзахадон институт дæр нæ исынц нымадмæ» – хъуыды кæнынц фидиуæныл къухбафысджытæ æмæ дзурынц,ц æмæй революцион сценарийы атворты сæйраг нысан у Гуырдзыстоны хæстмæ баласын.
«300 европарламентари абсурдон резолюцийыл куы æвæрынц къух, иумæйаг ныв æмæ нысан бæрæг у. Гуырдзыстонæн ккандидаты статус нæдæр 6 мæйы фстæ ратдзысты, кæд уæдмæ хæстмæ нæ баиу ис кæнæ та Уæрæсейæн санкцитæ не сфидар кæндзæн, кæцы афтæдæр у хæстмæ цæуæг комкоммæ фæндаг. Прецедент бынтон цæмæн нæй ахæм 6 мæйыон æмгъуыд дæр уый тыххæй æрымысыдысты, цæмæй бæстæйы æхсæнады хайы мæстыдзинады ма æрсабыр уа. Украина æмæ Молдовæ,к уыд Виола фон Крамон æмæ Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр дзурынц, 30 азон лæууæнмæ кæй абауагъдтой, уæд мах уырдæм дæр нæ бауадздзысты, цæмæй дæргъвæтин революцион сценарийæн йæ актуалондзинад ма фесафой.
Хъуыды кæнæм, цæмæй алцыппæт хæъуы йæхи номæй схонын. Уый тыххæй, æхсæнадæн сындæггай дæтдзыстæм информаци уыцы фæзындты фæдыл, кæцытæ гуырдзиаг политикæйы кулисты тынг кæнынц. Цæй зæгъын æй хъæуы, бæрæг æмвæзадыл цыдæртыл мах дæр бацауæрддзыстæм, æмæ информаци дозиргондæй публикаци кæндзыстæм» – дзырдæуы иумæйаг фидиуæны, кæцыйыл сæ къух фыссынц Созар Субари, Михеил Хъавелашвили æмæ Димитри Хундадзе.