Созар Субари – 30 аз у, Гуырдзыстоны цæрджытæ сты АИШ-ы санкциты бын, Уæрæсейæ визæйыл æвæрццаг дзуапп æртæхаттонæй  цырддæр, Сомихыстон æмæ  Азербайджанæй цыппар хатты бæрзонддæр, нæ æмбæстгæтимæ абаргæйæ
Созар Субари – 30 аз у, Гуырдзыстоны цæрджытæ сты АИШ-ы санкциты бын, Уæрæсейæ визæйыл æвæрццаг дзуапп æртæхаттонæй цырддæр, Сомихыстон æмæ Азербайджанæй цыппар хатты бæрзонддæр, нæ æмбæстгæтимæ абаргæйæ

Гуырдзыстоны цæрджытæ  рагæй  сты АИШ-ы санкциты бын.  Уæрæсейæ  АИШ-мæ  цæуджытæн визæтæ æртæхаттонæй  цырддæр  дæттынц, æртæ хатты, æрмæст Сомихыстонæй æмæ Азербайджанæй, цыппар хатты бæрзонддæр у Гуырдзыстоны  æмбæстгæтимæ абаргæйæ.   Афтæ рацыд, æмæ 30 азы дæргъы   Гуырдзыстоны æмбстæгтæ де-факто  санкциты бын  сты, –  уый фæдыл  парти  «Халхис Дзалайы»  сæрдар, Созар Субар  загъта Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн.

Йæ дзырдæй,  зæгъгæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн Иугонд Штаттæм  ныццæуынæн   Мексикйæы уылты  20-30 мин доллары бафидын хъæуы, кæцы тынг  нæрайсгæ ахаст у  стратегион партнеры  æрдгæй.

Субары дзырдæй, зæгъгæ АИШ-ы æрдгæй  æххуысыл куы цæуы ныхас, уыцы «энджеоты» финансдзинадыл хардз кæны, кæцытæ  Гуырдзыстоны хицауады  раппарын курынц æмæ акцитæ  уадзынц.

«Фæстагмæ уый æппæт  уый йас знаггад кæны Гуырдзыстоны экономикæйæн, æмæ уыцы дæс процент дæр нæ уыдзæн, цы  æфтиаг  хъуамæ  федтаиккам, афтæ  куы  нæ  æнкъусын кæниккой  «энджеотæ»  ацы  æххуысæй Гуырдзыстон. Æххуыс  урæд куы æрцæуа, уæд  мæт кæнæт  уыцы «энджеотæ», кæцытæ  ацы æххуыс  истой.  Дзырдæуы 6 миллиарды бæрц æххуысыл. Фæстагмæ  æмтгæй райсгæйæ  6 млрд  куы  фæзæгъынц, фæлæ   реалонæй  4/5 млрд у, кæцыйæ   иу миллиард фæстæмæ  америкаг эксперттыл бахардз ис.  3/5 миллиард баззад, кæцыйæ 2,5 миллиард  2008 азы хæсты  фæстæ  райстам, кæцыйæ нæхи аиуварс кæнын уыд нæ бон, америкæйы агентурæ  куы нæ уыдаит бæстæйы  службæйы. Хæст укы нæ уыдаит бирæ  стынгдæр уыдаит  Гуырдзыстоны экономикæ, 2,5 миллаирдæй», –  банысан кодта Субар.

Ныр Америкæйы  организацигонд æхсæнадæмон  мисситы Гуырдзыстоны хайбавæрды тыххæй  куы  зæгъæм, уæд Субары дзырдæй, ацы  мисситы гуырдзиаг æфсæддæттæ хайад куы нæ райстаиккой, «уæд дыууæ миллиардæй  фылдæр сбадтаит  АИШ-æн  æрмæст Афгъанистаны мисси».

«Гуырдзыстон егъау  суммæ  бафыста  ацы мисситы финансдзинады.  Гуырдзыстоны бирæ æфсæддон сæхи  ауæлдай кодтой æмæ бирæ та амлахъомдзинад цухæй баззад. Уый нæ  хайбавæрд у, кæцы ацы æхсæнадæмон  партнерады  скодтам.  Уый тыххæй  дæр фидискæнинаг  нæм ницы ис.  Ничи бахыгъд кæндзæн цæй аргъ у  фæнды  иу æфсæддон цард», –  райхуъсын кодта Созар Субари.