Сопо Киладзе – Михеил Саакашвилийы хъуыддагмæ нæ ахаст хъуамæ уа æнкъарæнмæ гæсгæ нæ фæлæ ма йæм хъуамæ паддзахадон интерестæм куыд æмбæлы афтæ
Михеил Саакашвилийы хъуыддаджы æрдæм нын нæ ахаст ма хъуамæ уа æнкъарæнмæ гæсгæ, фæлæ хъуамæ уа паддзахадон интересты цæстæнгасæй, закъоны бындурыл – уый фæдыл журналисттæн загъта, парламекнты адæймаджы барты хъахъъхæды комитеты сæрдар Сопо Киладзе, Гуырдзыстоны æмæ Украинæйы фæдæвзарæг оргæнты минæвæртты фембæлды фæдыл.
Киладзейы ныхæстæм гæсгæ, паддзахадмæ криминалы ныхмæ тохы цы бæгъуад ис, уый алкæй æрдæм дæр хъуамæ сæххæст уа зæгъгæ.
«Нæй гæнæн конкретон адæймаг искæцы нысанæй равзарæм. Закъон нæ хæсджын цæмæй кæны, уый хъуамæ сæххæст кæнæм. Хъыгагæн хъуаддаджы детæлттæ нæ зонын лæмбынæг. Саакашвилийы хъуыддаг у ахæм хъуыддаг, кæцымæ нæ ахаст хъуамæ уа æнкъарæнмæ гæсгæ нæ фæлæ ма йæм хъуамæ паддзахадон интерестæм куыд æмбæлы ахæм ахаст дарæм, закъоны бындурыл. Ацы конкретон цауыл тæрхондон зылынгæнæг тæрхоныскуыд райста æмæ хъуамæ архайæм уымæ гæсгæ, цæй нæ фæлтау «Гуырддзаиг Бæллиццы» сæ зæрдæмæ чи цæуы æмæ чи та нæ» – расидтис Сопо Киладзе.
Украинæйы генералон прокуратурæйы олфициалон веб-фарсыл публикацигонд информацимæ гæсгæ, Украинæйы генералон прокуррор Юрий Луценко, Гуырдзыстоны сæйраг прокурроры хæдивæг, Гиорги Гогадзеимæ 12 январы фембæлд. Фæнысангонд фембæлд сырæзт Украинæйы. Фембæлды фæдыл информацийы ахæлиу кодта Гуырдзыстоны сæйраг прокуратурæ дæр.