Сопо Киладзе - азартон хъæзтытыл баст адæймæгты номхыгъдмæ бахæссыны фæдыл тæрхоныскуыды, тæрхондон рахæсдзæн 5 бонмæ
Сопо Киладзе -  азартон хъæзтытыл  баст адæймæгты номхыгъдмæ бахæссыны фæдыл тæрхоныскуыды,  тæрхондон рахæсдзæн 5 бонмæ

Адæймаджы бартæ хъахъхъæды комитеты  сæрдар Сопо Киладзе  уыцы закъондæттæн  ивындзинад райхæлдта,  кæцы бинонты уæнгты  æркуырды бындурыл  тæрхондонæн дæтты бар, æмбæстагы  бахæсса хъæзтыты дæлбар  уæнгты номхыгъдмæ.  Уымæй та  фæнысангонд уæнгæн  сæмбонд  уыдзæн азартон хъæзтыты хайад райсыны фадат.

Фыццаг Каналы  алæвæрды «Актуалон Темæ Мака Цинцадзеимæ иумæ»  ацы фарсты фæдыл  фарст бавдыста журналист Сандро Джуфалакян  æмæ баинтерес ис, цас эффективон уыдзæн   ацы инициативæ, кæнæ æндæры æрдæм,  сцырын кæндзæн æви нæ  бинонты æхсæн ног конфликттæ.

Адæймаджы барты хъахъхъæды комиеты сæрдар  загъта, цæмæй  хъæзтытыл баст  уæнгтæ,  фылдæр цауты  агрессивон  свæййынц бинонты æрдæм  æмæ   конфликттæ æнæ уый  дæр  сæвзæрын кæнынц.

«Уый тыххæй  дæр,  бинонты уæнгтæм уыдзн фадат бахъаст кæной тæрхондонмæ.  Уый нын амоны  æхсæнадæмон практикæ  дæр.  Уый тыххæй  цæмæй  хъазæг тæрхондоны скуыддзагы онг бинонты катастрофон уавæрты ма ныппара, ахм цауты сахарон  тæрхондонмæ, афтæдæр аппеляцион лæвæрд цæуы 5 бонон æмгъуыд.  Ацы  дыууæ инстанци  уыдзысты  æмбондгæнæг механизм æмæ уымæй  бæрзонддæр хъуыддаг нал ацæудзæн» –  расидтис Сопо Киладзе.

Финансты министрады  парламенты бавдыст  инциативæ  хъæзтытыл баст уæнгты  а.х.  сау номхыгъды   саразын  дары  йæ  хъуыдыйы.   Уырдæм йæхи бахæссын æмбæстагæн уыдзæн  йæ бон  фæндонмæ гæсгæ.  Бинонты уæнгтæн  та  бахъæудзæн тæрхондоны  барлæвæрд уый сбæлвырд кæнынæн, цæмæй сæ хæстæг азартон хъæзтытыл баст адæймаг у.   Ацы цауы æмбæстагæн  цыфæнды  хъазæн  объектмæ, уый нымæцы  онлайн-казинотæм бацæуын фæтобæ уыдзæн 3 азы æмгъуыдмæ.

Фæлæ ис  гуырысхо, цæмæй  нмхыгъдмæ бахæссыны фæстæ дæр, уыдонæн  сæ бон   бауыдзæн искæй   бæрæггæнæнтæй спайдайæ  хъазын.