Сопио Кацарава – Британи кæддæриддæр уыдис Гуырдзыстоны хъæддых фарсхæцæг
Сопио Кацарава – Британи кæддæриддæр уыдис Гуырдзыстоны хъæддых фарсхæцæг

Парламенты  æддæ ахастыты  комитеты  сæрдары   Сопио Кацаравайы  аргълæвæрдæй,   Стыр Британийы  премьер-министры Тереза Мэйы  фидиуæн  Гуырдзыстонæн  иттæг нысаниуæгджын   æрвитæггаг у.

Кацарава Фыццаг  Къаналæн куыд расидтис  афтæмæй,   фæнысангонд   фидиуæн  ноджы иу  хатт бæлвырд кæны  уый, цæмæй  Стыр Британий зæгъгæ,   Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн  хъæддых æнцой дары.

«Стыр  Британи кæддæриддæр  уыдис  Гуырдзыстоны   хъæддых   фарсхæцæг  æмæ æнæ æрмæст  фидиуæнты  æмвæзадыл, фæлæ  ма  ныр дæр,  практикон  æмвæзадыл активонæй хайад исы  конфликты сабырадонæй   аскуыддзагы процессы.  Махæн  Тереза Мэйы  фидиуæн  у иттæг нысаниуæгджын,  нысан æмæ бæлвырд кæны  уый, цæмæй  Гуырдзыстон,  Британийы  æддæ политикæйы  егъау  бынат ахсы.  Британий у Гуырдзыстоны  активон  партнер  æмæ  Гуырдзыстоны  фарст  ал æмвæзадыл  лæууы,  цæй бæлвырдгæнæн  дæр у Тереза Мэйы  фидиæн» -расидтис Кацарава.

Стыр Британийы премьер-министр  знон райхъусын кодта, цæмæй  Британи иугæндзонæй куры Владимир Путины администрацийæ,   оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритæй æфсад фæстæмæ ракæнын.