Сопио Кацарава – Британи кæддæриддæр уыдис Гуырдзыстоны хъæддых фарсхæцæг
Парламенты æддæ ахастыты комитеты сæрдары Сопио Кацаравайы аргълæвæрдæй, Стыр Британийы премьер-министры Тереза Мэйы фидиуæн Гуырдзыстонæн иттæг нысаниуæгджын æрвитæггаг у.
Кацарава Фыццаг Къаналæн куыд расидтис афтæмæй, фæнысангонд фидиуæн ноджы иу хатт бæлвырд кæны уый, цæмæй Стыр Британий зæгъгæ, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн хъæддых æнцой дары.
«Стыр Британи кæддæриддæр уыдис Гуырдзыстоны хъæддых фарсхæцæг æмæ æнæ æрмæст фидиуæнты æмвæзадыл, фæлæ ма ныр дæр, практикон æмвæзадыл активонæй хайад исы конфликты сабырадонæй аскуыддзагы процессы. Махæн Тереза Мэйы фидиуæн у иттæг нысаниуæгджын, нысан æмæ бæлвырд кæны уый, цæмæй Гуырдзыстон, Британийы æддæ политикæйы егъау бынат ахсы. Британий у Гуырдзыстоны активон партнер æмæ Гуырдзыстоны фарст ал æмвæзадыл лæууы, цæй бæлвырдгæнæн дæр у Тереза Мэйы фидиæн» -расидтис Кацарава.
Стыр Британийы премьер-министр знон райхъусын кодта, цæмæй Британи иугæндзонæй куры Владимир Путины администрацийæ, оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй æфсад фæстæмæ ракæнын.