Сомихыстоны протестон акцитыл барадхъахъхъæнджытæ 230-ы онг адæймагы æрцахстой
Сомихыстоны протестон акцитыл барадхъахъхъæнджытæ 230-ы онг адæймагы æрцахстой

Сомихыстоны протестон акцитыл  барадхъахъхъæнджытæ 230-ы онг адæймагы æрцахстой.

Акцийы хайадисджытæ премьер-минристр Никол Пашиняны йæ  постæй  йæхи суæгъд кæнын æмæ СОмихыстоны æмæ Азербайджаны æхсæн,  арæны делимитаци-демаркацийы бадзырды  аивын домынц, кæцыйы фæлгæтты  Азербайджанмæ лæвæрд уыд цыппар  хъæуы.

Æстæйы мидхъуыддæгты министрады куыд  æмбарын кæнынц афтæмæй, «æрцахстуæвæг  протесты хайадисджытæ нæ бакломмæкастысты барадхъахъхъæнджыты закъонон æркуырдтæн».

Пъæлицæй акцийы организацигæнæгы,  архиепископ Баграт Галстаняны æрцахсын дæр   бахъавыд, фæлæ йын уый  фадат акцийы хайадисджытæ нæ раттой.

Протестон акци Ереваны  хуыцаубоны дæр ацыд.