Сомихыстоны хъусын кæнынц, цæмæй   Азербайджан дарддæр кæны Уæлхох Карабахыл бомбæкалд
Сомихыстоны хъусын кæнынц, цæмæй Азербайджан дарддæр кæны Уæлхох Карабахыл бомбæкалд

Сомихаг фарсы  хъусинагæй, Азербайджан дарддæр кæны бомбæкалд Уæлхох Карабахыл.

Сомихаг медиайы информацийæ, абон сæумæрайсомæй   спырхыты гуыпп хъуысы  Степанакерты. Æхсты гуыпп  хъуыстис  æхсæвы  дæргъы дæр.

Ереваны  куыд банысан кодтой  афтæмæй,  бынæттон  цæрджытæ  тыхыбын уыдысты хиæмбæхсæнты æмæ ныккæндты  сбон кæнын.

Азербайджаны хъусын кæнынц, цæмæй Уæлхох Карабахы  «антитеррористон операци» æххæст кæнынц. Сомихаг фарсы хъусинагæй,   фæнысангонд  архæйдтыты фæстиуæгæн  амард 27 æмæ цæф сты 200-ы онг адæймаг.

Официалон  Бакуйы фидиуæнæй,   операцийы нысан сабырадон цæрджытæ не сты.

Уыимæ азербайджайнаг  фарс горæт Степанакерты     хоны  Ханкендийæ.