Сомихыстоны бæстæйы цыппæрæм президенты, Армен Саргсяны инаугураци ацыд
Сомихыстоны бæстæйы цыппæрæм президенты, Армен Саргсяны инаугураци ацыд

Сомихыстоны  бæстæйы цыппæрæм президенты,  Армен  Саргсяны  инаугураци ацыд.   Бæрæгбойнон  цкеремони   Националон æмбырды  специалон рабадтыл   сырæзт. Пабадты байгом кодта Парламенты  сæрдар.  Залмæ бахастой   Сомихыстоны тырыса  æмæ   конституцийы   специалон экземпляр.

Сомихыстоны историйы  фыццаг хатт,  бæстæйы  президенты  æппæтадæмон  æвзæрстыты фæндагæй  нæ фæлæ,    парламент сывзæрста,  кæцы уый нысан кæны æмæ  Сомихыстон ахызт,   хицауиуæгы  моделы æрдæг президентонæй, æрдæг парламентонмæ.  Конституцимæ  ивындзинад  хаст æрцыд  2015  азы.

Сомихыстоны  президенты æвзæрстытæ, бæстæйы  закъондæттæг органы  2   мартъийы  сырæзт.

Армен Саргсян   хицаугæнæг  партийы  бавдыст  æмæ   æнæконкурент  канидат уыдис, кæцыйæн схъæлæс кодтой 90  депутат,  йæ  ныхмæ  рацыдысты  10 депутаты.

Армен Саргсян азты дæргъы  уыдис  Стыр Британийы   Сомихыстоны  дипломативон   миссийæн  къухдариуæг къодта, афтæдæр  уыдис  Евроцæдисы  Сомихыстоны  миссийы къухдариуæггæнæг. 1996 азы  4 мæйы  дæргъы   ахста премьер-министры  пост.

Сомихыстоны архайæг президент  Серж Саргсянæн та  йæ æххæстбарты æмгъуыд абон аивгъуыд.