Сомихыстоны президент парламенты суæгъд кодта æмæ æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ снысан кодта 9 декабрьмæ. Информацийы хæлиу кæны президенты пресс-куыст.
БÆтæйы закъондæттæг орган премьер-министры канидадтурæ, нырид дыккæгæм хатт не сбæлвырд кодта. КОнституцимæ гæсгæйæ, ацы цауы, парлмаенты ауадзын æнæаргъæгæйæ хъуамæ æрцæуа.
Премьер-министры пост Никол Пашинян сæрмагонд фæндонæй 16 октябры уыцы хъавдæй ныууагъдта, цæмæй бæстæйы æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ ацыдаиккой. Уый парти «Дидинæфтыд Сомихыстонимæ» меморандум дæр бафыста, кæцымæ гæсгæ дæр, парти премьер-министртæм сæрмагонд кандидатурæйы раразмæ кæныныл нæзагъд ракæндзæн. Ныр оппозицийы уæвæг «Республикаг» партийы 50 мандаты та, уынаффæ рахæссынæн æгъгъæд не сты.