Социалон мадзæлтты, чындзæхсæвты, гуырæнбонты, зианты уадзын уæгъд уыдзæн фыццаг мартæй
Социалон мадзæлтты, чындзæхсæвтæ, гуырæнбонтæ, зианты ауадзын фыццаг мартæй уæгъдибар уыдзæн, –у ый фæдыл æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг оперативон штабы хистæр Гиорги Гъибрадзе райхъусын кодта.
Уыимæ ма, йæ дзырдæй, зæгъгæ хæрæндон объектты, æхгæд тыгъдады иу фынгыл гæнæн уыдзæн 10 адæймагы рабадын кæнын, æрмæст гом тыгъдадты та, фæнысангонд адæймæгты нымæц 15-ы онг фæфылдæр кæндзысты.
«Хæрæндæтты тыххæй куы зæгъæм, координацион советыл ист уыдис уынаффæ, цæмæй æхгæд тыгъдадты иу фынгыл гæнæн уыдзæн 10 адæймагы рабадын кæнын. Зонут, цæмæй ныры онг гæнæн уыдис æрмæст æхсæз адæймагы уæвын иу фынгыл цур æмæ гом тыгъдадты та, фæнысангонд адæймæгты нымæц 15-ы онг фæфылдæр уыдзæн 10-ы бæсты. Афтæдæр ивд цæуы уазджыты максималон нымæцыл архайæг арæнæвæрд.
Социалон мадзæлтты тыххæй куы зæгъæм, раст уыцы логикæйæ, æз цы ранымадтон, æхгæд тыгъдадты иу фынгыл 10 адæймаг æмæ гом тыгъдады 15, гæнæн уыдзæн социалон мадзæлттæ уадзын, куыд чындзæхсæв, гуырæнбонтæ, зиантæ æмæ а.д.», – райхъусын кодта Гиорги Гъибрадзе.