«Скæсæн Партнерады» ног институцион структурæйы фæлгæтты, фыццаг фембæлд сырæзт
Брюсселы «Скæсæн партнерады» ног институцион структурæйы фæлгæтты, 12 марты фыццаг фембæлд сырæзт. Банысангонд информаци публикацигонд æрцыд евроцæдисы веб-фарсыл.
Ног струткурæйы нысан у, скæсæн партнер æхсæз бæстæйы реформæты процессы фылдæр эффектджынæй сразæнгард кæнын, цыппар приоритетмæ гæсгæйæ- бирæ хъæддыхдæр экономикæ, фидардæр хицаудзинад, бирæ фидæрдæр бастдзинад æмæ тыхджын æхсæнад.
Фембæлдыл уыдысты Евроцæдисы уæнг æмæ 6 партнер бæстæйы,- Гуырдзыстны, Сомихыстоны, Азербайджаны, Белорусы, Украинæйы æмæ Молдовæйы минæвæрттæ. Фæрстæ 2018 азы нысаниуæгджын фарстыл сразы сты, цæмæй ивгъуыд азы ноябры, скæсæн партнерады саммиты фæлгæтты, химы цы хæстæ райстой, уыдон сæххæст кæной.
Ног институцион структурæйы фæлгæтты уагъд фембæлдыл, хъусдард раздæхтой Скæсæн патрнерады саммиты рауæнæггонд ролы æрдæм.
«Абоны фембæлд нын ратта фадат, сразы кæнæм цæмæ баххæссын у нæ бон иумæ 2018 азы дæргъы. «2020 азмæ 20 фæстиуæг» райсты фæлгæтты» – банысан кодта сыхагон политикæйы ауæрæх кæныны фарстыты еврокомиссар Йоханнес Ханн.