Сирийы уырыссаг хæрдмæтæхæг æрхауд
Сирийы уырыссаг хæрдмæтæхæг КА-52 æрхауд. Уæрæсейы хъахъæды министрады расидæнмæ гæсгæ, авиакатастрофайы фæстиуæг дыууæ тæхæг фæмард. Уагдоны æрбадæттæгтæм гæсгæ, хæрдмæтæхæгы æрхауды аххосаг гæнæн ис æмæ техникон уавæр уыд.
3-æм майы Сирийы уырыссаг СУ-30 æрхауд. Авиакатастрофæ , кæцыйы дыууæ тæхæг фæмард Хмеимы базайы цур æрцыд.