Сирийы Турчы æфсæддон операцийы æмгъуыд абон изæр фæуд кæны.
АИШ-ы æхсæныбацыдæй цы 120 сахатон бадзырдмæ æрцыдысты уымæн æмгъуыд 22 октябры, Тбилисы рæстæгæй 23:00 сахатыл фæуд кæны. Уæдмæ Сочæйы Уæрæсейы æмæ Турчы президентты бадзырд у плангонд. Фæнысангонд фембæлдыл Реджеб Тайип Эрдогъан Сирийы Турчы æфсæддон операцийы фарста æркæсын хъавы.
Турчы лидер уæдмæ куыд райхъусын кодта афтæмæй, Владимир Путинимæ фембæлды фæстæ Сирийы цæгат-скæсæн хайы, «Æнæмæнгхъæугæ къахдзæфтæ сараздзæн».