Сирийы америкаг æмæ уырыссаг æфсæддæтты быцæуæмбæлдæй хи аиуварс кодтой
АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдары, Джеймс Меттисы фидиуæнæй, «Уырыссæгтæ цæугæдон Евфраты скæсæны уæвæг а.х. дихгæнæг хаххы уылты змæлыдысты æмæ тынг хæстæг бацыдысты АИШ-ы æфсæддон тыхтæм».
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, уый фæстæ АИШ-ы сæргълæуджыты комитеты сæрдар Джозеф Даннфорд телефонæй адзырдта Уæрæсейы генштабы хистæрмæ, Валерий Герасимовмæ æмæ уырыссæгтæ фæстæмæ ацыдысты.
Джеймс Меттисы не сконкрет кодта, кæд æрцыд инцидент, фæлæ бæрæг у, цæмæй генерал Даннфорд Герасимовимæ фæныхс кодта 22 марты.
Инцуидентмæ гæсгæ «Ранс Пресс» анонимон ратæдзæныл æнцойæ фыссы, ома уырыссæгтæ Дейрэз-Зоры районы змæлыдысты, цæмæй базыдтаиккой куыд æмæ кæм æрлæууыдысты АИШ-ы æфсæддæттæ.