Сирийы 30 апрелы райдайгæ ног эскалацийы фæстиуæгæн, 188 адæймаг амард
Сирийы 30 апрелы райдайгæ ног эскалацийы фæстиуæгæн, 188 адæймаг амард. Сирийы адæймаджы барты цæстдарæг офисы информацийæ, фæстаг дæс боны мидæг, фæмардуæвджыты æхсæн 85 сабырадон æмбæстæгтæ сты.
Сирийы хицауадон æфсад, ратсгæты къордты æмæ террористон организациты ныхмæ Идлибы провинцийы хуссарыл бомбæтæ æркалдта.
Социалон хызаджы æвæрд видео-æрмæгы, сахарты, Хесы æмæ Хан Шейхуны сæххæст авиа-бырстытæ сты æвдыст. Ахæлиугонд информацийæ, Сирийы хицауадон æфсад а.х. боцкæ бомбæтæй спайда кодта.