Синоптикты прогнозæй, уæлдæфы температурæ фæуазал уыдзæн æмæ лæуудзæн хъызт бæстæйы масштабæй
Æрдзы националон агентады цыбырæмгъуыдон прогнозты уагдоны хистæры, Додо Гвазавайы, фидиуæнæй, боны дыккаг хайæ, Гуырдзыстоны фылдæр районты æнхъæлмæкæсинаг сты дæлдзырæттæ, фылдæр митуарды хуызæй, афтæма æнæхъæн бæстæйы масштабæй фæуазалдæр уыдзæн.
Гвазавайы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, 20-æй 23 январ хынцæгæйæ, æхсæвы сахатты фæтыхджындæр уыдзæн уазал.
«18 январæй 21 январ хынцæгæйæ, Гуырдзыстоны Сау Денджызы цæгат –ныгуылæнæй æнхъæлмæкæсинаг у уазал уæлдæфы массæты ахæлиу. Уый тыххæй абон, боны дыккаг æрдæгæй, Гуырдзыстоны фылдæр районты æнхъæлмæкæсинаг сты дæлдзырæттæ, фылдæр митуарды хуызæй, ранæй-рæтты фæтыхджын уыдзæн уад, кæцы расайдзæн тымыгъ. Уæлдæфы температурæ æнæхъæн Гуырдзыстоны, æхсæвы сахатты, 20-æй 23 январ хынцгæйæ фæтыхджын уыдзæн хъызт», – банысан кодта Додо Гвазава.