Синоптикты прогнозæй, иннæ бонты дæргъы Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у къæвда
Æрдзы националон агентады информацийæ, 17 октябры æрæгизæрæй 21 октябры онг Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у, рæтæгæй-рæстæгмæ къæвда арвнæрдимæ, ранæй-рæтты тæркъæвда, дымдзæн ныгуылæны æрдæм фидар дымгæ.
Афтæма сæ информацийæ, 20 октябры, нысаниуæгджынæй фæкъаддæр уыдзæн уæлдæфы температурæ, уæлхох рæтты руадрдзæн мит, денджызыл тап æнхъæлмæксинаг у фидар 4-5 баллы йас шторм.
Æрдзы националон агентады хъусын кæнынц, цæмæй æнхъæлмæкæсинаг фидар дæлдзырæттæ, гæнæн ис Гуырдзыстоны цæугæдæттыл доны бæрзæнды нысаниуæгджын рæзт расайа, æрмæст уæлхох зонæты та, сыджытлæсæн процессты сæвзæрд-активаци.