Синоптикты прогнозæй, Гуырдзыстоны уæлдæфы температурæ нысаниуæгджынæй фæныллæгдæр уыдзæн, денджызыл æнхъæлмæкæсинаг у 2-3 баллы тыхы фæлхъæзт
Æрдзы националон агентады хъусинагæй, 4 сентябрæй Гуырдзыстоны æнхъæлмæ кæсинаг у уазалгомау æмæ уымæл уæлдæфы массæтæ, температурæ та нысаниуæгджынæй фæныллæгдæр уыдзæн.
Уыимæ æрдзы национа агентады хуъсын кæнынц,ц æмæй денджызыл æнхъæлмæкæсинаг у 2-3 баллы тыххы шторм.
«4 сентябрæй Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у уазалгомау æмæ уымæл уæлдæфы массæты ахæлиу, цæй тыххæй дæр бæстæйы хурныгуылæны фылдæр æмæ хурыскæсæны хицæн районты æнхъæлмæкæсинаг у къæвда, ранæй-рæтты тæр, дымдзæн ныгуылæны æрдæм фидар дымгæ. Уæлдæфы температурæ нысаниуæгджынæй фæныллæгдæр уыдзæн. Дендлжызыл æнхъæлмæкæсинаг у 2-3 баллы тыхы шторм» – дзырдæуы агентады публикацигонд информацийы.