Синоптикты прогнозæй, Гуырдзыстоны территорийыл 21-22 июлы уæлдæф абаргæйæ асатæг уыдзæн
21 июлы онг хурыскæсæн Гуырдзыстоны уæлдæфы бæрзонд температурæ лæудзæн. Максималон температурæ уыдзæн 35, 40 градус, уæлхох районты та 33, 38 градусы фæлгæтты.
Æрдзы националон агентады хъусинагæй, 21-22 июлы Гуырдзыстоны территорийыл уæлдæф абаргæйæ асатæгдæр уыдзæн, рæтæгæй-рæстæгмæ уардзæн кæъвда, ранæй-рæтты тæр, гæнæн ис арвнæрд ихуард æмæ уад. Денджызыл 2-3 баллы шторм.
Æнхъæлмæкæсинаг дæлдзырæттæ гæнæн ис Гуырдзыстоны чысыл цæугæдæтты донивылдтæ расайа, бæрзонд-хохджын рæтты та, сыджытлæсæн процессы сæвзæрд-активаци расайа.