Синоптикты  прогнозæй  Гуырдзыстоны температурæ  22 градусы онг схъарм уыдзæн
Синоптикты прогнозæй Гуырдзыстоны температурæ 22 градусы онг схъарм уыдзæн

27-28  февралы  Гуырдзыстоны  хъарм æмæ хурджын бонтæ уыдзæн, –  уый фæдыл информаци хъусын кæны  æрдзы  националон  агентад. Афтæма сæ информацийæ,   уæлдæфы  температурæ  боны сахатты   ныллæг  зонæты  +17 +22 градусы онг схъарм уыдзæн.

«Фыццаг марты  боны  дыккаг æрдæгæй   6 марты  онг æнхъæлмæкæсинаг у  рæстæгæй-рæстæгмæ   дæлдзырæттæ.    Ранæй-рæтты   дымдзæн    ныгуылæны  æрдæм.  Уæлдæфы температурæ  4-6 градусæй фæуазал уыдзæн.

Тбилисы  27-28 февралы  æмæ  фыццаг марты  хурджын боныгъæд уыдзæн, 2 мартæй  та  цыбырæмгъуыдмæ къæвда  æмæ  дымгæ у æнхъæлмæкæсинаг.  Уæлдæфы температурæ  боны сахатты  +18 +20 градус  сфиксир уыдзæн,  2 мартæй  та  4-6 градусæй  фæуазал  уыдзæн», –   банысангонд у  æрдзы националон агентады   хъусинаджы.