Синоптикты прогнозæй Гуырдзыстоны, боныгъæд райсомæй фæхуыздæр уыдзæн
Æрдзы националон агентады цыбырæмгъуыдон прогнозты уагдоны хистæр, Додо Гвазавайы информацийæ, Гуырдзыстоны æппæт территорийыл температурæйы фæуазал расайдта арктикон уазал уæлдæфы массæты ахæлиу.
Гвазава Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн куыд фехъусын кодта афтæмæй, температурæ сæрмагондæй уæлхох районты фæуазал ис. Иуæй-иу рæтты мит дæр æруарыд.
«Майрæмбонæй Гуырдзыстоны территорийыл ахæлиу ис арктикон уазал укæлдæфы массæтæ, кæцы тепературæйы виппайды фæуазал расидтис. Температурæ сæрмагондæй фæуазал ис уæлхох рæтты. Дысон æхсæв мит уарды Бакурианы, Ахалкалакы, Ниноцъминдайы æмæ Гудари-Степанцъминдайы алфамбылæйтты. Афтæдæр хурныгуылæн Гуырдзыстоны хохджын районты.
Ахæм арктикон уæлдæфы æндæвдад уыдзæн абон дæр Гуырдзыстоны æппæт территорийыл. Уый тыххæй дæр уæлдæфы максималон температурæ тæрфы дæр уыдзæн уазал, 12-13 градусы бæрц. Уæлхох районты дæр 8-9 градус хъармы фæдыл у ныхас. Уæлхох районты та иуæй-иу рæтты уыдзæн нулы бæрц» – хъусын кæны Додо Гвазава.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ боны дыккаг æрдæджы боныгъæд виппайды фæивдзæн.
«Дæлдзырæттæ фæлæудзысты. Хурыскæсæн Гуырдзыстоны иуæй-иу ран ныгуылæны æрдæм дымгæ фæтынгдæр уыдзæн æмæ æхсæвы сахатты ахæлиу уыдзæн Гуырдзыстоны территорийыл æнæхъæнæй. Уый тыххæй дæр æхæсвы максималон температурæ гæнæн ис уæлхох районты, сæрмагондæй та Гудаури-Къобийы алфамбылæйтты, афтæдæр Хуссар Гуырдзыстоны уæлхох рæтты – Ахалкалакы, Бакурианы æмæ Ниноцъминдайы алфамбылæйтты -5 градусы онг фæуазал уа. Æрмæст хурныгуылæн Гуырдзыстоны уæлхох рæтты, Сау Денджызы абаргæйæ хъарм уæлдæфы æндæвдад минус 3 градусы онг фæуазал уыдзæн. Ныллæгш зонæты æмæ тæрфы 7-9 градус хъарм у æнхъæлмæкæсинаг. Уæлхоз районты ацы изæр уыдзæн 2-4 градус» – райхъусын кодта Гвазава.
Синоптикты прогнозæй, Гуырдзыстоны райсомæй рахъарм уыдзæн.
«Уæлдæфы температурæ схъарм уыдзæн. Тæрфы æмæ кæмтты уыдзæн 19-22 градусы онг, хохджын районты 17-19 градус æмæ уæлхох рæтты та 10-12 градусы. Фæдылдзог бонты уæлдæфы температурæ фæбæрзонддæр уыдзæн.
Уæлдæфы максималон температурæмæ æнхъæлмæ кæсæм 15 зæрдæвæрæнæй. Гæнæн ис 17, 18 æмæ 19 майы, 30-31 градус хъарм æрлæууа.
Зæрдæвæрæны мæй Гуырдзыстонæн кæдлдæриддæр вæййы кæъвдаджын æмæ дзы хатт ихуард дæр вæййы, сæрмагондæй та Кахеты» – бафтыдта ма Додо Гвазава.