Синоптикты прогнозæй,  фыццаг ноябры ныгуылæн Гуырдзыстоны  æнхъæлмæкæсинаг у къæвда æмæ фидар уад, денджызыл та шторм
Синоптикты прогнозæй, фыццаг ноябры ныгуылæн Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у къæвда æмæ фидар уад, денджызыл та шторм

 

Æрдзы националон  агентады информацийæ, фыццаг  ноябры ныгуылæн Гуырдзыстоны  æнхъæлмæкæсинаг  у  къæвда,  ранæй ран тыхджын.

Синоптикты прогнозæй,   афтæдæр æнхъæлмæкæсинаг  у  ныгуыланы æрдæм  фидар уад,  денджызыл та  3-4  баллы йас  шторм.

Уыимæ  уæлхох  рæтты  æнхъæлмæксинаг у  митуард.

«Æнхъæлмæкæсинаг фидар дæлдзырæттæ  гæнæн ис  Гуырдзыстоны цæугæдæттыл   доны бæрзæнды   нысаниуæгджын   рæзт,  чысыл цæугæдæттыл донивылдтытæ,  уæлхох рæтты та   зыджытлæсæн  процессты  сæвзæрд-активаци расайа», – хъусын кæнынц æрдзы  националон   агентады.