Синоптикты прогнозæй 9-13 ноябры Гуырдзыстоны иуæй-иу районты æнхъæлмæ кæсинаг у къæвда
Æрдзы националон агентады информацийæ 9-13 ноябры Гуырдзыстоны иуæй-иу районты æнхъæлмæ кæсинаг сты дæлдзырæттæ. Уæлдæфы температурæ ныгуылæн Гуырдзыстоны ныллæг зонæты +14,+19 градус у æнхъæлмæ кæсинаг, хурыскæсæн Гуырдзыстоны ныллæг зонæты 9-10 ноябры, +13,+18 градус уыдзæн, æрмæст 11-13 ноябры, +10, +15 граудсы онг æрхаудзæн.
Сæйраг горæты тыххæй куы зæгъæм, синоптикты прогнозæй, Тбилисы 9-10 ноябры уыдзæн сур бонтæ, 11-13 ноябры та æнхъæлмæ кæсинаг у къæвда. Уæлдæфы температурæ 9-10 ноябры,+16,+18 градус сфиксир уыдзæн, æрмæст 11-13 ноябры,+13, +15 градусы онг фæуазал уыдзæн.