Синоптикты прогнозæй 6-8 апрелы Гуырдзыстоны рæстæгæй-рæстæгмæ æнхъæлмæкæсинаг сты дæлдзырæттæ
Æрдзы националон агентады информацийæ 6-8 апрелы Гуырдзыстоны рæстæгæй-рæстæгмæ æнхъæлмæ кæсинаг сты дæлдзырæттæ.
Синоптикты прогнозæй 6 апрелы ныгуылæн Гуырдзыстоны ранæй-рæтты уардзæн къæвда, 7-8 апрелы та фылдæр хурджын боныгъæд лæудзæн. Хурыскæсæн Гуырдзыстоны та абаргæйæ уазал æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ дæлдзырæттæджы боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг.
«Тбилисы уазалгомау æмæ кæвда брныгæъд у æнхъæлмæкæсинаг. 6апрелы дымдзæн цæгат-ныгуылæны дымгæ. Уæлдæфы температурæ бонæй +14 +16 градус уыдзæн.
Денджызгæрон районты (Батум, Кобулет, Анаклиа, Поти) 6 апрелы сæумæрайсомæй ракæсдзæн хур æмæ 9 апрелмæ хурджын боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг. Уæлдæфы температурæ бонæй +18 +20 грауды онг схъарм уыдзæн.
Кахеты (Сагареджо, Телау, Гурджаан, Сигънагъ, Лагодех, Хъуарел, Ахметайы) рæстæгæй-рæстæгмæ æнхъæлмæкæсинаг у къæвда. Уæлдæфы температурæ бонæй +14,+16 градусы онг схъарм уыдзæн», – дзырдæуы ахæлиугонд информацийы.