Синоптикты прогнозæй, 29 июлæй уæлдæфы температурæ 40 градусмæ схиздзæн
Гуырдзыстоны 29 июлæй уæлдæфы температурæ 2-3 градусæй фæфылдæр уыдзæн.
Фыццаг Къаналæн æрдзы националон агентады цыбырæмгъуыдон погнозты уагдоны хистæр Додо Гвазава куыд фехъусын кодта афтæмæй, 1-2 августы онг уыдзæн сур, хурджын бонтæ æмæ уæлдæфы максималон температурæ уыдзæн 36-38 градусы.
«Хурыскæсæн Гуырдзыстоны абонæй 1-2 августы онг, фылдæр лæудзæн хурджын бонтæ, уæлдæфы температурæ 29 июлæй фæфылдæр уыдзæн æмæ 40 градусмæ схиздзæн,” – райхъусын кодта Гвазава.
Афтæма йæ информацийæ, скæсæн Гуырдзыстоны хицæн районты гæнæн ис цыбырæмгъуыдон скъæвда дæр, кæцы уæлдæфы температурæ ивдыл нæ бандавдзæн.
«Тбилисы фылдæр уыдзæн сур бонтæ. Уæлдæфы максималон температурæ 27-28 июлы уыдзæн 34-36 градусы, æрмæст 29-31 июлы гæнæн ис 36 -38 градусмæ ахæццæ уа,»- райхъусын кодта Додо Гвазава.
Цыдæриддæр та ныгуылæн Гуырдзыстонмæ æххæссы, уым уæлдæфы максималон температурæ уыдзæн 29 градус, фæлæ æхсæвы хицæн районты синоптиктæ æнхъæлмæ кæсынц цыбыр къæвдамæ.
Додо Гвазавайы фидиуæнæй, ныгуылæн Гуырдзыстоны уæлдæфы максималон температурæ, донбыл районты уыдзæн 34-35, уæлхох районты та 27-29 градус сфиксир уыдзæн.