Синоптикты прогнозæй 25-26 январы Гуырдзыстоны  абаргæйæ  уазал  боныгъæд уыдзæн æнæдæлдзырæттæй, æхсæвы сахатты стыхджын уыдзæн уазал
Синоптикты прогнозæй 25-26 январы Гуырдзыстоны абаргæйæ уазал боныгъæд уыдзæн æнæдæлдзырæттæй, æхсæвы сахатты стыхджын уыдзæн уазал

Æрдзы националон агентад 25-27 январы Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг  боныгъæды фæдыл  информаци публикаци кæны.

Синоптикты  прогнозæй, 26-26 январы Гуырдзыстоны  абаргæйæ   уазал æмæ   фылдæр   æнæдæлдзырæттæ боныгъæд лæудзæн. Æхсæв сахатты стынг уыдзæн уазал. 27 январæй та дæлдзырæттæ уыдзæн.  Тбилисы 25-26 январы дæлдзырæттæ  нæ уыдзæн, æрмæст 27  январы  æнхъæлмæкæсинаг у  чысыл митуарын къæвдаимæ.  Уæлдæфы  температурæ æхсæвы -1, -3 , бонæй та +4,+6  градус сфиксир уыдзæн.

«Донбыл районты (Батум, Кобулет, Анаклиа, Поти) : 25-26  январы дæлдзырæттæ нæ уыдзæн, 27 январы та уардзæн къæвда.  Уæлдæфы температурæ боны сахатты +6, +11 градус сфиксир уыдзæн.

Хурыскæсæн Гуырдзыстоны уæлхох регионты (Ахалкалакы, Цъалка, Бакуриан, Гудаур, Омало): 25-26 январы дæлдзырæттæ нæ уыдзæн, æрмæст 27  январы уардзæн мит.  Уæлдæфы температурæ  бонæй  -4,-6 градус сфксир уыдзæн», – дзырдæуы  æрдзы националон агентады информацийы.