Синоптикты прогнозæй, 24 январы онг, хурыскæсæн Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæиснаг сты, митуарын, мигъ, фæндæгтыл кæлæх, хицæн фадгуытыл гæнæн ис, арæнгонд уа транспорты змæлд.
Æрдзы националон агентад æнхъæлмæкæсинаг боныгъæды фæдыл æмбæстæгтæн рагфæдзæхст дæтты.
Синоптикты прогнозæй, 22 январы боны кæронæй 24 январы онг хурыскæсæн Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг у митуарын, ранæй-рæтты тыхджын, мигъ, фæндæгтыл кæлæх, электроадæттæн хаххытыл та ихцъар.
«Стыр миты, кæлæхы æмæ цæст дзæбæх кæй не взардзæн уый тыххæй, автомобилон фæндæгты бæрæг фадгуытыл гæнæн ис арæнæвæрд æрцæуа транспорты змæлд», – банысангонд у æрдзы националон агентады информацийы.