Синоптикты прогнозæй, 20-22  февралы Гуырдзыстоны  иуæй-иу районы дæлдзырæттæджын боныгъæд  у æнхъæлмæ кæсинаг
Синоптикты прогнозæй, 20-22 февралы Гуырдзыстоны иуæй-иу районы дæлдзырæттæджын боныгъæд у æнхъæлмæ кæсинаг

Æрдзы  националон агентад 20-22 февралы  Гуырдзыстоны æнхъæлмæкæсинаг  боныгъæды фæдыл  информаци публикаци кæны.

Синоптикты прогнозæй, 20-22 февралы  Гуырдзыстоны  иуæй-иу  районы  æнхъæлмæкæсинаг сты дæлдзырæттæ.

Тбилисы  чысыл къæвда  у  æнхъæлмæкæсинаг.  Уæлдæфы температурæ  бонæй  +10, +12  градус уыдзæн.

Донбыл районты (Батум, Кобулет, Анаклиа, Поти) 20-21 февралы   фылдæр  æнæдæлдзырæттæ  боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг, æрмæст 22  февралы  гæнæн ис  къæвда  фæбæрæг уа. Уæлдæфы температурæ  +13, +15 градус уыдзæн.

Кахеты (Сагареджо, Гурджаан, Сигънагъ, Лагодех, Хъуарел, Ахмета, Дедоплисцъхъаро) фылдæр æнæдæлдзырæттæ  боныгъæд у æнхъæлмæкæсинаг. Уæлдæфы  температурæ  бонæй +8, +10  градус сфиксир уыдзæн.