Синоптикты информацийæ, 15-æм ноябры онг ныгуылæн Гуырдзыстоны хъарм æмæ æнæкъæвда боныгъæд уыдзæн, скæсæны та 13-æм ноябры иуæй-иу рæтты чысыл къæвда у æнхъæлмæкæсинаг
Алфæмблайы националон агентады информацийæ, ныгуылæн Гуырдзыстоны 15-æм ноябры онг абаргæйæ хъарм æмæ æнæкъæвда боныгъæд уыдзæн хъахъхъæд, скæсæн Гуырдзыстоны та 13-æм ноябры чысыл къæвдатæ æмæ мит иуæй-иу рæтты æнхъæлмæкæсинаг у.
Синоптикты информацийæ, Тбилисы 12-æм ноябры боныгъæд уыдзæн æнæкъæвда. Уæлдæфы температурæ боныгон уыдзæн +16, +18 градусы, 13-æм ноябры та мигъ уыдзæн æмæ æнхъæлмæкæсинаг у чысыл къæвда. Уæлдæфы температурæ 13-14 ноябры боныгон æрхаудзæн +12, +14 градусы онг.
Денджызы былгæрæтты (Батумы, Кобулеты, Анаклиайы, Поты): боныгъæд уыдзæн хъарм æмæ æнæкъæвда. Боны дæргъы уæлдæфы температурæ уыдзæн +18, +20 градусы.
Къахеты (Сагареджойы, Телавы, Гурджааны, Сигънагъы, Лагодехы, Хъуарелы, Ахметайы, Дедоплисцъхъаройы): 12 æмæ 14 ноябры уыдзæн æнæкъæвда боныгъæд, 13 ноябры та иуæй-иу рæтты чысыл къæвда æмæ мит у æнхъæлмæкæсинаг. Уæлдæфы температурæ 12-æм ноябры боны мидæг уыдзæн +16, +18 градусы, 13-14-æм ноябры та æрхаудзæн +12, +14 градусы онг.