Дунейы коронавирусæй инфициргонд нымæц фæфылдæр ис. Вирусы ахæлиуæй æртæ мæймæ, дунейы «COVID-19» 100 000-æй фылдæр адæймагмæ рабæрæг кодтой. Цауты фылдæр сфиксир сты Китайы. Ацы рæстæджы хъуамæ банысанæуа, цæмæй чи рандидзыд уыдоны нымæц 50 000 –мæ ахæццæ ис. Китайæ дарддæр, уæззау уавæр ис Италийы, Ираны æмæ Хуссар Кореяйы. Коронавирусæй инфициргондты нымæц фæфылдæр ис Гуырдзыстоны дæр.
Коронавирусы фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Канал, аныхас кодта Дунейы Æнæнизхъахъхъæды Организацийы Гуырдзыстоны офисы къухдариуæггæнæгимæ, Сильвио Домэнтэимæ.
– Куыд аргъ скæниккат Гуырдзыстоны цæттæдзинадæн, куыд æххæст кæны хицауад Æнæнизхъахъхъæды дунейы организацийы рекомендацитæ?
– Гуырдзыстон тынг бæрнон ахаст равдыста сырæзт уавæры тыххæй. Хицауад бакуыста архайадон пълан, кæцы Æнæнизхъахъъхæды Дунейы Организацийы рекомендацитæм аккаг у. Мах фæнысангонд фарстайæн комплексон аргъ дæттæм. Глобалон масштабæй бæстæ хъуамæ цæттæ уа фæзындты æртæ гæнæн сценарийæ айтынгæн. Фыццаг вариант у, хъуыддаг куы æххæссы æрмæстдæр фæсарæнтæй æрхæсгæ цаутæм. Растдæр ахæм уавæр ис ныр Гуырдзыстоны. Уый фæстæ гæнæн ис фæзындтæ дыккаг сценарийæ айтынг уой, бынатыл, локалон ахæлиуы цаутæ куы фæзынынц – а.х. къластертæ. Уый фæстæ æнæмæнгхъæугæ у вирусы дарддæр ахæлиуы бауромын. Æртыккаг æмæ сеппæтæй æвзæрдæр сценарий у, вирус бирæ æмбæстагыл куы бахæцы æмæ йæ дарддæр куы ахæлиу кæнынц, уый. Фæзындты ахæм сценарийæ айтынгы цауы, бæстæтæ тыхыбын бауыдзысты фылдæр инвестициты æмæ ресурсты рахицæн кæнынц. Фæлæ алы бæстæ дæр, æртæ дæр сценаримæ цæттæ хъуамæ уа.
-Тахтытæ æмæ балц кæнын куы зæгъæм. Дæтты æви нæ, Дунейы Æнæнизхъахъъæды Организаци тахтытæ æмæ балц кæнын бауромыны рекомендаци?
-Бирæ хатт банысан кодтам, цæмæй Дунейы Æнæнизхъахъхъæды Организаци, балцы æмæ базарад арæн скæныны рекомендаци нæ дæттæм. Фæлæ бæрæг суверенон бæстæтæн уый бар ис. Уый уæлæмхас мадзæлттæ райсынц. Афтæ куы вæййы, уæд æхсæнадæмон регуляцитæм гæсгæйæ, Дунейы Æнæнизхъахъъæды Организацийæн рагфæдзæхст хъуамæ раттой, бавдыст хъуамæ уа аххосæгтæ. Гуырдзыстон ахæм мадзæлттæ райста æмæ нæ организацийæн дæр рагфæдзæхст бакодта. Иунæг цыдæриддæр нæ фæнды у уый, цæмæй ацы мадзæлттæ максималонæй цыбырæмгъуыдмæ уой æмæ ныфсджын стæм, цæмæй ацы къахдзæфтæ уыдзысты эффективон.
– Дунейы Æнæнизхъахъъæды Организацийы минæвæрттæ уыдысты Китайы. Цавæр ног информаци сæм бафтыд сæ къухты æмæ уæбон у зæгъат нын, кæцы кары адæймæгтæн у вирус сеппæтæй тæссаг?
– Ацы этапыл æппынфæстаг бæрæггæнæнтæ нæм нæй. Процесс дарддæр кæны. Цас фылдæр информаци нæм æрбафтдзæн, уый йас хуыздæр бауыдзæн нæ бон вирусы анализ скæнын. Ныр нæм сеппæтæй фылдæр бæрæггæнæнтæ ис Китайæ. Басгæрстам 45 000 цау. Ацы иртасæнæй цы базыдтам уырдгæй сегасæй ахсджиагдæр у уый, цæмæй коронавирусы цауты 80 процент, рог формæййæ цæуы. 10-15 процент, стыр абаргæйæ, уæззау æмæ æрмæст фондз процент – критикон, кæцы гæнæн ис пациенты мæлæтæй фæуа. Вирусы фæстиуæгæн мæлæты цаутæ сты дыууæ æртæ проценты онг. Ацы цифрæтæ æрвылбойнонæй ивынц. Афтæдæр, фæбæрæг ис, цæмæй вирусæй инфициргонд асджын адæймæгты æмæ æндæр низæй рынчын пациентты æхсæн, мæлынады цауты бирæ фылдæр сты. Сеппæтæй арæз вирус мæлæтдзаг свæййы 80 азæй хистæр кары инфициргондтæн. Уый фæстæ, 60 азæй хистæрдæр кары адæймæгтæ æмæ а.д. Нæ бон зæгъын у, цæмæй инфицирдзинад рискъ сеппæтæй фылдæр æртъхъирæн кæны 47 азы карæй хистæрдæр адæймæгтæм. Фæлæ ацы цауы банысан кæнын хъæуы, цæмæй вирус кары æндæр къордтæн дæр у тæссаг, уымæн æмæ нæм ис цаутæ, вирусы амæттаг æвзонгтæ куы фесты. Иртасæн дарддæр кæны æмæ кæронгæнæг хатдзæг рахæссын тынг раджы у. Вæццæгæн уæ хъустыл афтæдæр ауадаит ахæм цæстæнгас, зæгъгæ вирус сывæллæттыл нæ хæцы. Фæлæ ацы фарстамæ гæсгæ дæр, тынг арæхсгай хъуамæ уæм. Уойæ, аы этапыл инфициргондты æхсæн тынг цъус сты сывæллæттæ. Фæлæ гæнæн ис, бирæ факторы тыххæй. Дæнцæн, уый æфсон гæнæн ис уа уый, æмæ Китайы хицауад уайтагъд æрыхгæдта скъолатæ. Гæнæн ис уыцы аххосæй, ома ныййарджытæ иу фылдæр сагъæс кæнынц сывæллæттыд æмæ а.д. Уымæ гæсгæйæ дæр, кæронгæнæг хатдзæг рахæссын нырма нæ бон нæу.
– Цавæр медикаменттæ ис абон коронавирусæн схоскæнынæн, цы методтæй хос кæнынц инфициргондтæн?
– Ацы этапыл «COVID-19»-ы ныхмæ вакцинæ спецификон хос кæнæ хос кæныны метод нæй. Ныр дохтыртæ пациенттæн хоскæныны курс снысан кæнынц симптомтæм гæсгæйæ. Фæлæ, цалдæр къуырийы размæ Женевæйы медицинон форум ацыд, кæцыйыл зонадон иртасæнты сæйраг ардæмадтыл тæрхон кодтой. Кæй зæгъын æй хъæуы, коронавирусы вакцинæ приоритетон у, афтæ куыд «COVID-19»-ы хоскæныны фæрæзтæ. Бирæ бæстæйы хосты æмæ хосгæнæн методты клиникон фæлварæнтæм тагъд рывналдзысты. Зæгъæн ис, иу мæйы æмгъуыдмæ. Дунейы æнæнизхъахъхъæды организацимæ ис специалон протокол клиникон фæлварæнтæ ауадзынæн. Ныфс нæ ис, цæмæй фыццаг клиникон фæлварæнты фæстиуджытæ цалдæр мæймæ уыдзысты рæувадат. Кæд ситуаци критикон у, уæд гæнæн ис пациенттæн хоскæнын антибиотиктæй. Фæлæ антибиотиктæй иу пайда кæнынц «COVID-19»-ы ныхмæ нæ фæлæ, æндæр инфекцитæн схос кæнынæн, кæцы гæнæн ис, пациентыл бахæцой. Ныр цæуынц, туаггуыры терапийæ цы хонынц – уыцы методы клиникон фæлварæнтæ. Афтæдæр, дарддæр кæны кортикостероидтæй хоскæныны клиникон методы фæлварын, цæмæй базонæм, цас эффективон сты ацы методтæ.
-Ис гæнæн фенхъæлын, цæмæй коронавирус сезонон у, куыд йæм хæццæ кæны арвыхъæды тæфаг ?
– Уый ног вирус у. Нырма дыууæ мæйы рацыд, цы йæ ахуыр кæнæм, уый фæстæ. Нырма гæнæн нæй, уый зæгъын, цæмæй йæм температурæ исты тæфаг дары, уымæн æмæ инфицирдзинады цаутæ уыд, куыд уазал æмæ сур, афтæ тæвд æмæ уымæл уæлдæфджын бæстæты. Уый тыххæй дæр хатдзæгтæ рахæссын нырма æнафоны у.