Швейцарийы паддзахадон нымæрдар – алы гуырдзиаг,чидæриддæр Швейцарийæ хиæмбæхсæн домы, нæзагъд райсдзæн, уый та ахъаззаг у Гуырдзыстонæнæ, цæмæй визалиберализаци ма фесафа
Гуырдзыстон визалиберализацийы аггаг у, æмбæстæгтæ хъуамæ балц кæной Шенгены зонæмæ æнæ визæйæ æмæ мах уыйимæ разы уыдыстæм сæрæй – уый фæдыл Гуырдзыстонмæ визитæй уæвæг Швейцарийы паддзахадон нымæрдар Марио Гатикер абон уагъд пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Уый йеддæмæ ма, Швейцарийы паддзахадон нымæрдар банысан кодта, цæмæй растдæр уый тыххæй æрцыдысты ист мадзæлттæ, цæмæй алы гуырдзиагæн, кæцы Швейцарийæ хиæмбæхсæн домдзæн, æнæмæнгæй нæзагъд æрцæудзæн æмæ сæ æрыздахдзысты фыдыбæстæмæ.
«Ахæм у нæ дзуапп. Раст уый æххуыс кæны уымæн цæмæй визалиберализаци урæд ма цæуа Гуырдзыстонæн» – райхъусын кодта Гатикер.
Пресс-конферецийыл куыд банысан ис афтæмæй, 16 сентябры Гуырдзыстоны михъуыддæгты министр Вахтанг Гомелауриимæ къухвæрд æрцыд иуæмйаг деклараци, кæцыйы нысан у, дыууæ бæстæйы æхсæн æмкуысткæнынад фæарфдæр кæнын æнæкантрол миграци бауромынæн. Гуырдзыстонæн æнæвизæ дыууæрдæм змæлд куы скуыста уый фæстæ, Швейцарийы виппайды райрæзтис æнæаргументиргонд хиæмбæхсæнагурджыты нымæц. 2018 азы, 2016 азимæ абаргæйæ ацы бæрæггæнæн 87 процентæй райрæзтис. Лигъдоны статус лæвæрд æрцыд 9 процентмæ. Виза либерализацийы фæстæ Швейцари Гуырдзыстонмæ æрбаздæхт куырдиатæй, райстаит бæрæг мадзæлттæ. Швейцари йæхи æрдгæй, уадзы тынг цырд æмæ фæдфæдон политикæ. 2018 азы Швейцарийы лигъдоны статус агурджыты нымæцæй Гуырдзыстон, фæндзæм бынатыл ис, æнæкæсгæ уымæ цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, Швейцарийы лигъдоны статус райсынæн æппын ницы шансыæ ис.
«Æнæаргументиргонд хиæмбæхсæн æркуырдимæ баст проблемæты аскуыддзаг кæнынæн Швейцари æмæ Гуырдзыстон сæххæст кодтой æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ æмæ ацы æрдгæй дарддæр кæнынц къуындæг æмкуысткæннад» – банысан ис пресс-конференцийыл.
Гатикеры дзырдæй зæгъгæ Гуырдыстонæй хиæмбæхсæн агурджыты æркуырдтæ райрæзтысты æмæ уый зæгъгæ у проблемæ.
«Уый тыххæй цæмæй, Гуырдзыстоны МХ министрадимæ нын ис тынг хорз æмкуысткæнынад, ацы деклараци ноджы фылдæр баххуыс уыдзæн дыууæ бæстæйы æхсæн радон миграцийы фарстаты ахастытæ фæарфдæр кæнынæн. Уый таххос та у экномикон уавæр. Гуырдзыстон у фæндзæм бынатыл Швейцарийы хиæмбæхсæн чи агуры уыдоны ннымæцмæ гæсгæ, фæлæ ныр æртыккаг бынатмæ æрхызтис, кæцыйæ тынг мæтыæфтыд стæм. 2016 азы мах раййстам 2000-ы онг куырдиат, лигъдоны статус сагурджытæй, кæцытæм нæ уыд ницы конкретон æфсон, цæмæн куырдтой хиæмбæхсæн. Сæ иунæг дæр нæ райста æвæрццаг дзуапп» – райхъусын кодта Марио Гатикер.