Швейцарийы паддзахадон  нымæрдар – алы гуырдзиаг,чидæриддæр Швейцарийæ хиæмбæхсæн домы, нæзагъд райсдзæн, уый та ахъаззаг у  Гуырдзыстонæнæ, цæмæй визалиберализаци ма фесафа
Швейцарийы паддзахадон нымæрдар – алы гуырдзиаг,чидæриддæр Швейцарийæ хиæмбæхсæн домы, нæзагъд райсдзæн, уый та ахъаззаг у Гуырдзыстонæнæ, цæмæй визалиберализаци ма фесафа

Гуырдзыстон визалиберализацийы  аггаг  у, æмбæстæгтæ  хъуамæ балц кæной Шенгены  зонæмæ  æнæ визæйæ æмæ  мах  уыйимæ разы  уыдыстæм сæрæй –  уый фæдыл  Гуырдзыстонмæ  визитæй  уæвæг  Швейцарийы  паддзахадон нымæрдар  Марио  Гатикер  абон  уагъд  пресс-конференцийыл райхъусын кодта.

Уый йеддæмæ  ма,  Швейцарийы  паддзахадон нымæрдар  банысан кодта, цæмæй  растдæр уый тыххæй  æрцыдысты ист  мадзæлттæ,  цæмæй  алы гуырдзиагæн, кæцы Швейцарийæ  хиæмбæхсæн домдзæн,  æнæмæнгæй нæзагъд æрцæудзæн  æмæ сæ æрыздахдзысты  фыдыбæстæмæ.

«Ахæм у нæ дзуапп. Раст уый æххуыс кæны уымæн цæмæй  визалиберализаци урæд ма цæуа Гуырдзыстонæн» – райхъусын кодта Гатикер.

Пресс-конферецийыл  куыд банысан ис  афтæмæй, 16 сентябры Гуырдзыстоны  михъуыддæгты  министр  Вахтанг Гомелауриимæ къухвæрд æрцыд   иуæмйаг деклараци, кæцыйы нысан у, дыууæ бæстæйы æхсæн æмкуысткæнынад фæарфдæр кæнын æнæкантрол миграци бауромынæн.  Гуырдзыстонæн æнæвизæ дыууæрдæм змæлд куы  скуыста  уый фæстæ,   Швейцарийы   виппайды райрæзтис  æнæаргументиргонд хиæмбæхсæнагурджыты  нымæц.  2018  азы, 2016 азимæ абаргæйæ  ацы бæрæггæнæн  87  процентæй  райрæзтис.   Лигъдоны  статус  лæвæрд æрцыд  9 процентмæ.  Виза либерализацийы  фæстæ Швейцари  Гуырдзыстонмæ  æрбаздæхт куырдиатæй,    райстаит  бæрæг мадзæлттæ. Швейцари  йæхи æрдгæй,   уадзы  тынг цырд  æмæ фæдфæдон политикæ. 2018 азы  Швейцарийы  лигъдоны  статус агурджыты нымæцæй  Гуырдзыстон, фæндзæм бынатыл ис, æнæкæсгæ уымæ цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн,  Швейцарийы  лигъдоны статус  райсынæн æппын ницы  шансыæ ис.

«Æнæаргументиргонд  хиæмбæхсæн æркуырдимæ баст  проблемæты  аскуыддзаг кæнынæн Швейцари æмæ Гуырдзыстон  сæххæст кодтой  æндæр æмæ æндæр мадзæлттæ æмæ ацы æрдгæй   дарддæр кæнынц   къуындæг  æмкуысткæннад» –  банысан ис пресс-конференцийыл.

Гатикеры дзырдæй  зæгъгæ  Гуырдыстонæй  хиæмбæхсæн агурджыты  æркуырдтæ райрæзтысты  æмæ уый зæгъгæ у проблемæ.

«Уый тыххæй цæмæй,  Гуырдзыстоны  МХ министрадимæ  нын ис  тынг хорз  æмкуысткæнынад, ацы деклараци ноджы фылдæр баххуыс уыдзæн  дыууæ бæстæйы æхсæн   радон миграцийы  фарстаты  ахастытæ  фæарфдæр кæнынæн.  Уый  таххос та у  экномикон  уавæр.  Гуырдзыстон у  фæндзæм бынатыл  Швейцарийы   хиæмбæхсæн чи агуры  уыдоны  ннымæцмæ  гæсгæ, фæлæ ныр æртыккаг бынатмæ  æрхызтис, кæцыйæ  тынг  мæтыæфтыд стæм.  2016 азы  мах раййстам  2000-ы онг  куырдиат,  лигъдоны статус  сагурджытæй,  кæцытæм нæ уыд ницы  конкретон  æфсон,  цæмæн куырдтой хиæмбæхсæн.  Сæ иунæг дæр нæ райста  æвæрццаг дзуапп» –  райхъусын кодта Марио Гатикер.