Швейцарийаг компани  IQ Air-ы   хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстонæн, уæлдæфы  счъиззийы астæуккаг бæрæггæнæн ис
Швейцарийаг компани IQ Air-ы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстонæн, уæлдæфы счъиззийы астæуккаг бæрæггæнæн ис

Гуырдзыстонæн уæлдæфы  счъиззийы   астæуккаг бæрæггæнæн ис –  уый фæдыл  банысангонд у  Швейцариаг  компани «АйкьюЭары»   хыгъдлæвæрды, кæцы 2023 азы   уагъд иртасæны фæстиуджытыл у бындурæвæрд.

Раныхасмæ гæсгæйæ,   бунейы  134 бæстæйы  æхсæн Гуырдзыстон 62-æм бынатыл  ис.

Уæлдæфы  гъæды иртасаг организацийы  хыгъдлæвæрды   банысангонд у, цæмæй  Гуырдзыстоны  уæлдæфы гъæд 3.3 хатты бæрзонддæр у  æнæниздзинад хъахъъæнынады æппæтдунейон организацийы  бæрæг уæлдæфы  афдзæон гъæды  бæрæггæнæнæй.

Банысанкæнинаг у уый, цæмæй  2019 азы  фæстæ, Гуырдзыстоны уæдæфы  гъæд фæхуыздæр ис  æмæ кæд 2019 азы  20.1 балл йын уыд,  2023  азы   16.4  баллы  райста.  Иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны  уæлдæфы  гъæды  æрдгæй,  сеппæтæй æвзæрдæр  бæрæггæнæн ис  горæт Руставы.

Регионы бæстæты тыххæй  та  уавæр  ахæм у –  Сомихыстон 31-æм бынатыл ис – 26.4 баллимæ, Азербайджан та  52-æм бынатыл – 18.8 баллимæ.  Иртасæнмæ гæсгæйæ, Турк 44-æм бынат  ахсы(20,3), Уæрæсе 94-æм бынатыл ис(10), Дунейы  масштабæй  сеппæтæй  чъиззи дæр уæлдæф ис  Бангладешы (79.9), дыккаг бынатыл  ис  Пакистан (73.7), æртыккаг та ахсы   Инди (54.4).  Сыгдæг уæлдæфы   бæрæггæнæнæй  сегасдæр хуыздæр  уавæр ис: Исландийы(цыппар), Маврикийы (3.5) æмæ Францаг Полинезийы (3.2).