Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,  Тбилисы уæлдæфы  счъиззийы  сæйраг аххос у  автотранспортæй цæугæ фæздæг
Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, Тбилисы уæлдæфы счъиззийы сæйраг аххос у автотранспортæй цæугæ фæздæг

Тбилисы атмосферон уæлдæфы  счъиззийы  сæйраг аххос, автотранспортон  фæрæзты  фæздæг у, – уый фæдыл  дзырдæуы   парламенты  æрдзы  хъахъъхæды  æмæ æрдзон ресурсты  комитеты   æрцæттæгонд  хыгъдлæвæрды,  кæцы сæйраг сахары  атмосферон уæлдæфы  счъиззийы  сæйраг ратæдзæнтæм æххæссы.

Документы мидæг дзырдæуы,  паддзахадон аудиты  куысты хыгъдлæвæрды тыххæй,  кæцыйы мидæг  фыст ис, цæимæй  зæгъгæ атмосферон   счъиззийы  дыууæ сæйраг  гуырæн ис: стационарон   ратæдзæнтæй  – кондад  æмæ арæзтадон объекттæй  знаггадгæнæг  буарадты эмиси æмæ  змæлгæ   гуырæнтæй  сæвзæргæ –  уæлдæфы счъиззи  автотранспортæй рацæуæг знаггадгæнæг  буарадтæй.

«Сæрмагодæй  банысан кæнинаг  у дыккаг гуырæн  уымæн æмæ:  автомобилæй  рацæуæг знаггадгæнæг буарадтæ,  æппæтон   счъиззийы  71  процент у æмæ ацы рæстæджы,  бæстæйы   уæвæг  автотранспортон  фæрæзты  37 процент,  æмбырд сты  Тбилисы.  Сæйраг сахары,  куыд транзитæй  змæлæг, афтæ  иудадзыгæй  уæвæг автотранспортон фæрæзты  нымæц бирæ  уæлдай  у,  уымæн æмæ бæстæйы  цæрджыты фылдæр хай, Тбилисы  кусынц  æмæ фылдæр,   автомобилы эксплуатацимæ у  баст.  Аудиты хатдзæджы хъусдард  растдæр сæйраг сахары  автотранспортон  фæрæзтæ цы фæздæг  уадзынц  уымæй сæвзæргæ  уæлдæфы счъиззийы æрдæм  здахы.

Афтæма, Тбилисы мэрийы  фидиуæнæй,  2019 азы  кæронмæ æхсæнадон  транспорт  ног,  нырыккон  фæрæзтæй  æрцæудзæн ивд, фæлæ  дзырдæй  байхъусыты рæстæджы  нæ фæбæрæг ис,  ис æви нæ  зæронд  а.х.  бургъуыз  автобусты  утилизацийы  план. Бур автобусты  фылдæр хай,   стандарттæм æмбæлон не сты  æмæ уæлдæфы счъиззийы    иуæй-иу  аххос у.  Уæдæ   ивды  фæстæ  ацы  æнæбæззон автобустæ,   урæд  хъуамæ æрцæуой ( кæд сæ рацалцæг кæныны   гæнæн нал ис, уæд)  æмæ  сæ  Гуырдзыстоны æндæр сахартæм  ма хъуамæ  арвитой.

Хъуамæ банысанæуа, цæмæй бæстæйы автопаркы  90 процентæй фылдæр,  10  азæй зæронддæр  автотранспортон  фæрæзтæ  сты, кæцы фæдисон  æмæ сериозон  проблемæ у.  Уымæй дарддæр ма, тематон  иртасæны рæстæджы фæбæрæг ис,  цæмæй  бæрзонд гуырахсты  змæлынгæнæнджын   автомобилты, сæ хицæуттæ  арæх газы системæ монтаж кæнынц.  Фæнысангонд системæтæ  фылдæр рæстмæ нæ кусынц,  фылдæр фæздæг  уадзынц  æмæ  æрдз  фылдæр чъиззи  кæнынц.   Разагъд хъуыдымæ гæсгæ,  фондз азæй   зæронддæр  автомобильты таможнæйыл  регистрацийæн хъæугæ домæнтæ фæкарздæр кæнын хъæуы, кæцы  афтæдæр æххæссы, таможнæы  сæ  фидтоны фæфылдæрмæ.  Афтæдæр нысанæмрастыл нымад цæуы  бæрзонд  фидтон сфидар кæнын   стыр гуырахсты змæлынгæнæнджын  автомобильтыл», –  банысангонд у  хыгъдлæвæрды.