Швецийы МХ министр – Гуырдзыстон цæттæ у Швецийы ахæстæтты бадæг гуырдзиæгты фыдыбæстæмæ æрыздаха
Швецийы  МХ министр – Гуырдзыстон цæттæ  у  Швецийы  ахæстæтты  бадæг  гуырдзиæгты  фыдыбæстæмæ  æрыздаха

Гуырдзыстон цæттæ   у, Швецийы  ахæстæтты  уæвæг   гуырдзиæгты  фыдыбæстæмæ æрыздаха –  уый фæдыл фидиуæны,  шведаг медиимæ  ныхасы рæстæджы,  мидхъуыддæгты  министр  Морган  Йоханссон  сарызта.

Corren.se  куыд фыссы афтæмæй, æмбæлон бадзырд   æввахс рæстæджы  æрцæудзæн къухбафыст.

Рауагъдады  хъусинагæй, Швецийы  мидхъуыддæгты  министр Морган  Йоханссон æмæ йæ гуырдзиаг  коллегæ Гиорги Гахариа,  ныридæгæн рафыстой къух   иуæймаг фидиуæныл, кæцымæ гæсгæ дæр  Тбилис æмæ Стокъгольм æхсæнадæмон  фыдракæндимæ   тохы æрдгæй  æмкуысткæнынад бафидар кæндзысты.

Морган Йоханссон  куыд расидтис  афтæмæй,   Швецийы   тæрхонмæ лæвæрд  гуырдзиæгты  фыдыбæстæмæ  æрыздахыныл   бадзырдтæ, 10 азы дæргъы æнæфæстиуæгæй  цыдысты, фæлæ йæ  ныхасмæ гæсгæ,  Гахариаимæ   фембæлды фæстæ  ацы æрдгæй, фæзынд прогресс  æмæ   бадзырдыл  къух  иу-дыууæ  мæймæ  æрфысдзысты, йæ  тыхмæ та  бацæудзæн æнæаргъæвгæйæ.