Швецийы «Ковид-19»-æй фæрынчынуæвджыты нымæц 70 000-æй ахызт. Информаци уый тыххæй, хъусын кæны агентад «Ройтер».
Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы бæстæйы вирусæй инфицирады 947 ног цау рабæрæг ис æмæ 41 адæймаг амард. Æмтгæй райсгæйæ, Швецийы «Ковид-19»-æй фæрынчынуæвæг 5 411 адæймаг фæхъуыд.
Швеци коронавирусы ныхмæ тохы нысанæн, абаргæйæ рог ахаст сывзæрста æмæ бæстæйы карз карантины режим не рбайста.