Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министр - «фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» законы райст нысан кæны Гуырдзыстоны æмæ Евроæдисы æхсæн ахастыты ивддзинæдтæ
«Фæсарæйнаг æндæвдады æргомдзинады фæдыл» закъоны райст нысан кæны Гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æхсæн ахастыты ивддзинад, – уый фæдыл Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министр, Тобиас Билстрьомм Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министрты рабадты размæ райхъусын кодта. Европаг Советы рабадты иуæй-иу сæйраг æркæсинаг фарста Гуырдзыстоны парламенты райст «фæсарæйнаг æндæвдады æигомдзинады фæдыл» закъон у.
«Мах тæркæсдзыстæм Гуырдзыстоны фæзындты айтынг. Мæтæфтауæг у, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад дарддæр кæны уыцы закъоны райст, кæцы у æнæхицауадон организациты куысты арæнæвæрды æрдæм. Уымæн Евроцæдис хъуамæ сдзуапп кæна. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, Гуырдзыстонимæ раздæрон ахасттыы адарддæр кæнын гæнæн нæй. Хъуамæ аныхас кæнæм Гуырдзыстоны хицауадимæ ацы фарстыл тынг хъæддых, Евроцæдисы æрдгæй. Стыр æнхъæлц мæм ис абоны дискуссийæ, кæцы нырма нæ райдыдта, фæлæ Гуырдзыстоны фæзындты айтынг у мæтæфтауæг. Мах нæ фæнды, фенæм уыцы закъоны райст, кæцыйæн йæ нысан у æнæхицауадон организациты ныхмæ архайын, кæцыты «фæсарæнгты агенттæй» хоны нæм уый у уыцы закъоны рафæлхатт, кæцы нырид ис Уæрæсейы. Уый фактиконæй ацы уырыссаг закъоны шаблонмæ гæсгæ у арызт. Ацы закъоны райсын уыдзæн нæрайсгæ.
Ахам æрвитæггаг хъуамæ уа Гуырдзыстонмæ Евроцæдисæй, куыд Европаг Советæй, афтæ комиссийæ, цæмæй ацы закъоны райст нысан кæны нæ ахастыты ивддзинад. Фæлæ ноджы иу хатт зæгъдзынæн, цæмæй ацы фарстыл дискусси нырма нæ уыдис æмæ мæ фæнды байхъусын дырыс æрвитæггаг Еврокомиссийæ Гуырдзыстонмæ æмæ Гуырдзыстоны хицауадмæ. Афтæма нæ зæрдыл хъуамæ дарæм, цæмæй гуырдзиаг адæмы фылдæры фæнды Евроцæдисимæ хæстæг ахастытæ æм уыдон не сты разы ацы закъондæттынадимæ, цæуылдæр амоны Гуырдзыстоны уагъд массон демонстрацитæ, куыд Тбилисы, афтæ æндæр Горæтты. Хъуамæ слæууæм гуырдзиаг адæмæн йæ фарсмæ æмæ уый домы балансгонд балæуд Евроцæдисæй», – райхъусын кодта Тобиас Билстрьомм.