Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министр – Швеци, Евроцæдисау мæтæйдзаг у Угулавайы хъуыддаджы алыварс сырæзт уавæрты тыххæй

17:26, 12.02.2020

Швецийы  фæсарæн хъуыддæгты  министр  Анн Линде  «Европаг Гуырдзыстоны»  иуæй-иу лидеры, Гиги Угулавайы   хъуыддаджы тыххæй,   социалон хызаг «Твиттеры»   публикаци кæны  куырдиат.   Шведаг  дипломат  банысан кодта, цæмæй Швеци, Евроцæдисау  мæтæйдзаг  у  Угулавайы  хъуыддаджы  алыварс  сырæзт уавæрты тыххæй.

Уымæй дарддæр ма,  Анн Линде «Твиттеры»   фарсыл Евроцæдисы æддагон архæйдтыты  куысты  куырдиат публикаци кæны.

«Швеци Евроцæдисау  мæтæйдзаг у  Угулавайы  хъуыддаджы   алыварс  уæвæг  ситауцийы  тыххæй.  Куыд Гуырдзыстоны хæстæг хæлæрттæ афтæ,  сидæм сæм, сырæзæт  къахдзæфтæ  æнæразыдзинад  фæкъаддæр кæнынæн æмæ демократи  æмæ  закъоны сæйрагдзинады сегасæй  бæрзонддæр стандарттæ бахъахъхъæнынæн» –  дзырдæуы   Швецийы  фæсарæн хъуыддæгты  министры Анн Линдейы   куырдиаты.

https://twitter.com/AnnLinde/status/1227575134384422913?ref_src=twsrc%5Etfw%7Ctwcamp%5Etweetembed%7Ctwterm%5E1227575134384422913&ref_url=https%3A%2F%2F1tv.ge%2Fnews%2Fshvedetis-sagareo-saqmeta-ministri-shvedeti-iziarebs-evrokavshiris-sheshfotebas-ugulavas-saqmis-garshemo-arsebuli-garemoebebis-gamo%2F%3Ffbclid%3DIwAR2klaURaem6YUTxARzMNkdiXssXlglu8M1ywb2o7D7D7QxHYAP53BKvtEg

Хуыздæр