Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министр - Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны уырыссаг æфсæддæтты уæвын æхсæнадæмон барады хæлд у
Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны уырыссаг æфсæддæтты уæвын æхсæнадæмон барады хæлд у, – уый фæдыл Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министр социалон хызаг «Твиттеры» 2008 азы августы хæсты тыххæй ныффыста.
«Абон нысан цæуы 11 азы сæр Гуырдзыстонмæ Уæрæсейы лæбурдæй. Швеци Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады хъæддых фарсхæцæг у. Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны уырыссаг æфсæддæтты уæвын у æхсæнадæмон барады хæлд. Сидын Уæрæсемæ, сæххæст кæна 2008 азы æхсæзпунктджын бадзырд», – фыссы Маргот Вальстрьомм.