20 ноябры, Швецийы уагъд æрцыд 2017 азы сеппæтæй хуыздæр футболисты хорзæхджын кæныны цермоний.
Сæйраг приз райста Швецийы æмбырдгонды æмæ Уæрæсейы «Кранодар»-ы капитан Андреас Гранквист.
Ацы футболисты нымадмæ райст , зæгъæн ис историон у, уымæн æмæ 2007 азæй райдайгæ, фæдфæдыл 10 азы дæргъы Швецийы сеппæтæй хуыздæр футболистыл æвзæрст цыдис Златан Ибрагимович.
Ацы хатт, Златан æрмæст æртыккаг бынат ахсы. Дыккаг бынатыл ис «Лайпцигы» æрдæгхъахъхъæнæг Эмиль Форсберг.
Уымæй уæлдай, Гранквист, церемонийыл афтæдæр сеппæтæй хуыздæр хъахъхъæнæгы приз дæр райста.