Швецийы депутат Густав Готтберг - Швеци-Гуырдзыстоны парламентон хæлардзинады къорд Гуырдзыстоны парламентимæ æппæт контакт фæуромыны фæдыл аскъуыддзаг кодта
Швецийы депутат Густав Готтберг сиды, цæмæй Швеци-Гуырдзыстоны парламентон хæлардзинады къорд Гуырдзыстоны парламентимæ алы контакт æвæстиатæй фæуромын аскъуыддзаг кодта.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, парламентон къорд лæууы гуырдзиаг адæмы фарсмæ.
«Швеци-Гуырдзыстоны парламентон хæлардзинады къорд аскъуыддзаг кодта, цæмæй Гуырдзыстоны парламентимæ æвæстиатæй æрурома алы контакт». Къорд ног президенты æнæконституцион снысан кæныны ныхмæ лæууы æмæ Гуырдзыстоны ног æвзæрстытæм сиды. «Мах гуырдзиаг адæмы фарсмæ лæууæм», – фыссы социалон хызагы Швецийы парламенты æмæ Евросоветы ассамблейы уæнг Густав Готтберг.